Кокойты Тарзан Къæбысты Ацæмæзы тыххæй: йæ хуыз дæр уыд Куырдалæгоны хуызæн

© Sputnik / Наталья АйриянКокойты Тарзан
Кокойты Тарзан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.06.2021
Рафыссын
Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Кокойты Тарзан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта Къæбысты Ацæмæзы царды тыххæй
Кокойты Тарзан Къæбысты Ацæмæзы тыххæй: йæ хуыз дæр уыд Куырдалæгоны хуызæн

Хуссар Ирыстоны цардивæн дуджы бирæ æвзонг курдиатджын лæппуты цард аскъуыдысты, уыдонæй сæ иу уыд Къæбысты Ацæмæз. Кокойты Тарзан куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Ацæмæз уыд курдиатджын адæймаг.

"Ацæмæз йæ иу бакастæй йæхæдæг уыд аивад, фæлæ цардивæн æмæ сæрсæфæн дуг адæмæн никуы ма æрхаста хорздзинад", - загъта Тарзан.

Кокойты Тарзан æрымысыд Конфуцийы ныхæстæ, зæгъгæ Хуыцау алкæйдæр бахизæд цардивæн дуджы цæрынæй, æмæ ирон адæм, Советон Цæдис куы ныппырх ис, уыцы дуджы бахаудысты йæ гуылфæны. Министры хæдивæджы хъуыдымæ гæсгæ, Ацæмæз дæр уыцы рæстæджы азары басыгъд.

"Ацæмæз райгуырд сфæлдыстыдон бинонты 'хсæн. Йæ фыд Къола уыд Гуырдзыстоны сгуыхт нывгæнæг, йæ мад та Гуырдзыстоны сгуыхт ахуыргæнæг. Гыццылæй фæстæмæ йæ зæрдæмæ айста аивадæн йæ рæсугъд дæр миниуджытæ, æмæ равзæрста аивадон нывкæнынады хуызтæй иууыл зындæр хуызтæй сæ иу – æфсæйнагимæ архайын", - банысан кодта Тарзан.

Къæбысты Ацæмæз каст фæци Мæскуыйы Строгоновы номыл нывгæнæн ахуырадон уагдон, æмæ уый фæстæ ацыд иууыл зындгонддæр куырдон æрмадзтæ кæм сты, уырдæм - Самаркандмæ.

"Куы æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ, уæд йын рахицæн кодтой горæты кæрон æппæрст бынат æрмадзæн, мæ нæм бахатыд, цæмæй йæм фæкастаиккам йæ сыгъдæг кæнынмæ. Райдыдта дзы кусын, æмæ куы бакастаис йæ архайдмæ, уæд цыма раст Куырдалæгон куыста йæ æрмадзы, афтæ уыд", - æрымысыд Кокойты Тарзан.

Тарзаны ныхæстæм гæсгæ, Ацæмæз уыд хæларзæрдæ, цæстуарзон, хайджын уыд ирон лæджы уæздан миниуджытæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0