"Хурзæрин"-ы хурдалынг

© Sputnik / Мария Котаева"Хурзæрин"-ы цӕрджытӕ
Хурзæрин-ы цӕрджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Микрорайон "Хурзæрин"-ы цæрджытæ фехъусын кодтой президентæн сӕ цардуагон проблемæты тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 6 май — Sputnik, Хъотайты Мария. "Энергоресурс — Южная Осетия" радта микрорайон "Хурзæрин"-ы цæрджыты тæрхондонмæ, рухсы æхца кæй нæ фидынц, уый тыххæй. Цæрджытæ сæхæдæг дзурынц, зæгъгæ хицауады дзырдлæвæрдмæ гæсгæ уыдон ссæрибар æрцыдысты электроэнергийæн æхца фидынæй, цалынмæ ацы районмæ газ нæ бауадзой, уæды онг. Хицауады зæрдыл раздæры дзырдлæвæрдтæ æрлæууын кæныны нысанæн микрорайоны цæрджытæ райсомæй æрбацыдысты хицауады хæдзармæ, цæмæй фембæлой президентимæ.

Микрорайоны цæрджытæ радзырдтой Тыбылты Леонидæн рухс, коммуналон лæггæдтæ фидыны, ацы хæдзæртты пропискæ скæныны фадат сын кæй нæй æмæ сæм æфсæддон-ахуырадон полигон æнгом æвæрд кæй у. 124 фатер æмæ 25 коттеджæй конд микрорайонмæ уагъд нæу газ, 180 сывæллонæн нæй дзы сабидон æмæ хъазæн фæзуæттæ.

"Алцы дæр нын баст у электроэнергийыл: тæвдгонд, газы плитæтæ æмæ цардуагон техникæ. Мæйы мидæг хынцæгтæ банымайынц 10 мин сомы онг. Мах нымайæм, уый у хынцæгты аххос — сты хæлд. Уымæн æмæ боны фылдæр хай мах стæм куыстыты æмæ рухсæй пайда кæнæм æрмæстдæр райсом æмæ изæр. Ног хынцæгтæ чи сæвæрдта, уыдонæн афтæ бирæ нæ нымайынц", — дзурынц цæрджытæ.

Рухсимæ проблемæтæ фæфылдæр вæййынц зымæджы, тыхдымгæ куы ныскъуыдтæ кæны рухсы хæтæлтæ æмæ район æнæ рухсæй куы аззайы, уӕд. Лæмæгъ тынгады аххосæй та хæлы цардуагон техникæ.

© Пресс-служба Президента РЮОПрезидент йӕхимӕ райста "Хурзæрин"-ы цӕрджыты
Жители мкр Солнечный - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент йӕхимӕ райста "Хурзæрин"-ы цӕрджыты

Республикæйы сæргълæууæг ныфс бавæрдта, президентон фондæй кæй рахицæн кæндзæн аст милуан сомы ПУК "Энергоресурс "-ы раз хæс бафидынæн. Сæудæджерадон комитеты сæргълæууæг Дзассеты Василийы ныхæстæм гæсгæ, раст уыйас хæс дарынц микрорайоны цæрджытæ 2012 азæй фæстæмæ. Уый æмрæстæджы, республикæ уæрæсейаг æввонггæнæджы раз у хæсджын 287 милуан сомы.

"Тынг хорз æмбарын уæ проблемæтæ æмæ цæттæ стæм сæ аскъуыддзаг кæнынæн баххуыс кæнынмӕ. Фæлæ сымах та хъуамæ æмбарат, рухсæн бынтондæр нæ фидын раст кæй нæу. Æз бафиддзæн уæ хæс "Энергоресурс "-ы раз, фæлæ 1 июнæй микрорайоны цæрджытæ иууылдæр фиддзысты рухсы æхца. Кæд республикæйы цæрджытæ иу киловатт рухсæн фидынц 2, 64 сомы, уæд сымах та фиддзыстут 2 сомы", — загъта президент.

"Хурзæрин"-ы серьезон проблемæтæй ма иу у рейсон транспорт. Сæрмагонд машинæ кæмæн нæй, уыдон сæ сывæллæтты скъола æмæ сабидонмæ фæкæнынц рейсон автобусыл, кæцы цæуы æрмæстдæр алы дыууæ-æртæ сахаты мидæг.

Æхсæнадон транспорты зындзинæдтæ

"9 сахатыл мах æркæнæм нæ сывæллæтты горæты сабидæттæм. Æмæ 11 сахаты онг хъуамæ нæ рæстæг исты амæлттæй марæм, цалынмæ автобус фæстæмæ аздæхы. Скъоладзаутæ куы фæфæстиат уой дыууæ сахаты рейсмæ, уæд уыдондæр хъуамæ æнхъæлмæ кæсой цыппар сахаты автобусмæ", — дзуры районы цæрæг Цхуырбаты Земæ.

Президент бахæс кодта сæудæджерадон комитеты разамонæгæн, цæмæй басгара автотранспорты техникон уавæр æмæ бакуса маршрутты фарстыл. Горæты мэрæн та бахæс кодта микрорайоны хæдзæрттæ цæрджытыл ныффыссыны фарстытыл бакусын, уымæн æмæ цалдæр азы цæрджытæн фадат нæй "Хурзæрин"-ы пропискæ скæнын, уый йæ фæдыл асайы бирæ æндæр проблемæтæ.

Цæрæн микрорайонмæ ‘нгом æвæрд æфсæддон полигоны тыххæй та Тыбылты Леонид загъта, полигоны фарст æндæр бынатмæ ахæссыны фарст скъуыддзаг кæй цæуы, фæлæ нырма бæрæг нæу — кæд æмæ кæдæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0