Фӕлтӕрӕй фӕлтӕртӕм. Козаты дыууӕ ӕфсымӕры – дыууӕ адӕмон нывгӕнӕджы

© Sputnik / Фатима ПлиеваУшанг и Заур Козаевы
Ушанг и Заур Козаевы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Козаты дыууæ æфсымæры Хуыцау схайджын кодта æгæрон курдиатæй. Нывгӕнджытӕ Ушанг ӕмӕ Зауыры ном айхъуыст дæрдтыл. Зауыры дӕсгай ӕзты фыдӕбон фӕнык фестад ирон-гуырдзиаг хӕсты азарӕй, йӕ аннæ куыстытæ та баххӕст котой Национ музейы хӕзнадон. Ушангы нывтӕ та сты ӕппӕт дунейы зындгонд музейты ӕмӕ хисӕрмагонд коллекциты.

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Козаты бинонтæ Ирыстоны аивадæн балæвар кодтой дыууæ адæмон нывгæнæджы — æфсымæртæ Зауыр æмæ Ушангы нӕмттӕ хъуыстгонд сты дӕрдтыл. Дыууæ ӕфсымӕрӕн дӕр нывкæнынады дæсныйад бауарзын кодта сӕ фыд Алекси — уый уыд хæдахуыр нывгæнæг, куыста ахуыргæнæгæй ӕмӕ сæрибар рæстӕг та йæхи ирхæфста ныв кæнынæй. Зауыр ӕмӕ Ушанг дӕр равзæрстой аивад бынтон ӕвзонгӕй æмæ ацы хаххыл схызтысты иууыл бæрзонддæр æмвæзадмæ.

Репетиция танцевального ансамбля Скифы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕлтӕрӕй фӕлтӕртӕм. Быценты бинонтӕм – цыппар сгуыхт артисты

Советон дуджы Тугъанты Махарбеджы номыл хуссарирыстойнаг нывгæнæн ахуыргæнæндоны кад нæрыд дардыл. Ацы уагдон æппæт Советон Цæдисы нымадтой хуыздæрыл Мæскуы æмæ Ленинграды нывгӕнӕн ахуыргæнӕндæтты фæстæ. Козаты ӕфсымӕртӕ дæр сæ балц аивадмæ райдыдтой уырдыгæй.

Ӕфсымӕрты хистӕр Зауыр фыццаг бабӕллыд профессионалон нывгæнæн ахуырад райсынмæ æмæ бацыд Тугъанты Махарбеджы номыл ахуыргæнӕндонмæ. Фæстæдæр уый хъысмæты фæндмæ гæсгæ ссис йæ директор æмæ дзы кусы ныр 30 азы дæргъы.

"Нӕ ахуыргӕнӕндон уӕд уыд æцæг нывгæнджыты "куырдадз". Йӕ фæуды фæстæ райстон уæлдæр ахуырад Тбилисы, архитектурæйы здæхæны интерьеры факультеты ӕмӕ та ногæй ӕрыздӕхтӕн Цхинвалмӕ", — мысы йе ‘взонджы бонтæ уый.

Райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрыздӕхгӕйӕ Зауыр кусын райдыдта бæстæзонæн музейы. Хуссар Ирыстоны уӕд архитектурæйы хаххыл уыйбæрц куыст дæр ницы разынд, уымæ гæсгæ ӕвзонг лӕппу йæ хъусдард иууылдӕр аздæхта нывкæнынадмæ. Фæстæдæр райдыта кусын нывгӕнӕн ахуыргæндоны ахуыргæнæгæй, стӕй ссис йӕ директор ӕмӕ абоны онгд дӕр кусы уым — хъомыл кæны Ирыстоны авиадæн ног стъалытæ æмæ архайы уагдоны кад дæлæмӕ ма ‘руадзыныл.

© Sputnik / Плиты ФатимаНывгӕнӕг Козаты Зауыр
Нывгӕнӕг Козаты Зауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нывгӕнӕг Козаты Зауыр
Йæ кабинеты иу къул йедзаг у йæ студентты хорзæхтæй, кæцыты ӕрхӕссынц фæсарæнтӕй алыгъуызон конкурстӕй.

"Ӕрдзæй лæвар курдиӕттæ стæм сты. Æнусы дӕргъы иу хатт райгуыры ахæм гоймаг, фæлæ сæ Ирыстоны зæхх кæдфæндыдæр æххæст уыд. Абон дæр нæм ис хорз фæсивæд. Нӕ рауагъдонты фылдӕр хай æрвылаз дæр бацæуынц Уæрæсейы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнӕндæттæм ", — банысан кодта Зауыр Алексейы фырт.

Директоры зæрдæ райы, нывгæнæн ахуыргæндонæн ныр йæхи бæстыхай кæй ис æмæ дзы хорз уавæртæ кæй æрцыд арæзт, æрмæст ма хаттæй-хатт фæтыхсынц ахорæнтæ æмæ нывгæнæн æрмæгæй.

Нывгӕнӕгӕн ныридӕгӕн йӕ куыстытӕй йӕхимӕ ницыуал ис, стӕй фӕстаг рӕстӕджы ахорӕнтӕ ӕмӕ цъылинæг дӕр стӕм хатт райсы йӕ къухмӕ. Фӕлӕ уыд рӕстӕджытӕ, ӕхсӕв ӕмӕ бон дӕр куыннӕ зыдта, фӕлдыста ног ӕмӕ ног куыстытӕ. Уыдонӕн ма ныр баззадысты ӕрмӕстдӕр сӕ хуызистытӕ — Зауыры цӕрӕнбонты фыдӕбон ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм æзты хæсты рӕстӕджы фæнык фестадысты, нывгæнджыты ӕрмӕдзтыл знаг зынг куы бафтыдта, уӕд.

"Мӕ куыстытӕ се ‘ппӕт дӕр — 80 нывы бæрц — цъыбыртты сыгъд бакодтой. Кæцыдӕртӕн ма мæм баззад сӕ къамтæ. Уый фӕстӕ иу период мӕ бон ныв кӕнын нал уыд. Ӕхсӕвӕй-бонӕй уыдтӕн мольберты уӕлхъус. Ме ‘мгӕрттӕ иу мӕ хынджылӕг кодтой, ссӕра дам уыдзынӕ Ван Гогау", —дзуры уый.

Нывгæнæг ма уый фӕстæ цы ныффыста, уыдон та балӕвар кодта республикӕйы Национ музейӕн.

© Sputnik / Плиты ФатимаНывгӕнӕг Козаты Зауыры зындгонд куыст "Авд цухъхъайы"
Нывгӕнӕг Козаты Зауыры зындгонд куыст Авд цухъхъайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Нывгӕнӕг Козаты Зауыры зындгонд куыст "Авд цухъхъайы"
Нывгӕнӕг Козаты Зауыры куыст
Нывгӕнӕг Козаты Зауыры куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Нывгӕнӕг Козаты Зауыры куыст
1/2
Нывгӕнӕг Козаты Зауыры зындгонд куыст "Авд цухъхъайы"
2/2
Нывгӕнӕг Козаты Зауыры куыст

Зауырæй фараст азы кæстæр у йе ‘фсымæр Ушанг. Уымӕн дӕр йæ фидæны дæсныйад равзарыны рæстæг куы рцыд, уæд ацыд бинонты уарзон фӕндагыл — нывкæнынады хаххыл.

"Ушанг скъола куы фӕуд кодта, уæд иу йын йæ хъусдард здæхтон æндæр æмæ æндæр професситæм, фæлæ иу йæ хъустыл ницы схæцыд. Стӕй йын нывкæнынады кой куы скодтон, уæд бахъæлдзæг ис ӕмӕ уый дӕр бацыд Цхинвалы нывгæнӕн ахуыргæнӕндонмæ", — банысан кодта хистӕр ӕфсымӕр.

Ушанг Цхинвалы ахуыргæнӕндоны фæстæ уæлдæр ахуырады фæстæ нал ацыд. Зауыр нымайы, уыцы хабар йын йе ‘рмдзӕфыл кӕй бандæвта хуыздӕрырдæм.

"Нывкæнынады хаххыл уæлдæр ахуырад ӕй ныффæстиат кодтаид авиады йæхи фæндаг ссарыны хъуыддаджы. Ӕнӕ уый та йæхиуыл тынг куыста, арæх цыд Нывгæнджыты æппæтцæдисон сфæлдыстады хæдзар "Сенеж"-мæ. Уым сарæзта стыр къахдзæфтæ йе ‘сфæлдыстады", — радзырдта Зауыр.

Козаты Ушанг абон у дунейы нымаддæр ирон нывгæнджытæй иу, йæ куыстытæ сты музейты æмæ хисæрмагонд коллекциты. Сæрмагонд равдыстытæ йын цæуынц Мæскуы, Питер, Цхинвал, Дзæуджыхъæу æмæ æндæр горæтты. Хайад исы европæйаг равдыстыты дӕр.

Тызмæггъуыз домбай лæг, йе ‘фсымæры ныхæстæм гæсгæ, йе ‘ддаг бакаст æмæ хъарумæ æнӕкæсгæйæ у тынг тæнæгзæрдæ ӕмӕ ӕнкъараг.

Выставка Ушанга Козаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон нывгӕнӕг Козаты Ушангы равдыст байгом Мӕскуыйы

"Ахæм уæйыг лæгмæ чи бакæса, уый зæгъдзæн, зӕгъгӕ, ницæмæй фæцъæмæл уыдзæн. Фæлæ Ушанг нывкæнынады гыццыл уайдзæфæй дæр сæфта йæ ныфс æмæ-иу йæ зæрдæ сивта аивадыл. Ахæм рæстæджыты-иу йын ныфсытæ февæрдтон ӕмӕ та иу ӕрбадт йӕ гаччы", — мысы Зауыр.

Уый ма банысан кодта, бирæтæ кӕй не ʻмбарынц Ушангы куыстытæ, сӕ мидис, фæлæ "йын ис йæхи æрмдзæф".

"Ушанг кæд абстракционизмы архайы, уæддæр йæ куыстыты ис цавӕрдӕр рагзагъд, разæнкъарæн. 90-æм æзты хæсты размæ дæр йæ нывты фенæн уыд тугамæхст элементтæ — сабийы хæдон тугæйдзагæй, æхсты фæд æмæ хæсты уæззаудзинæдтӕ. Хъæрмæдоны æрцæугæ бæллæх та федта фыны æгъдауæй йе ‘рцыды размæ", — дзуры нывгæнæг.

© FacebookКозаты Ушангы куыстыты равдыст
Ушанг Казиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Ушангы куыстыты равдыст
Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг, Уӕрӕсе ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг, Аивӕдты уӕрӕсейаг академийы уӕнг-корреспондент Козаты Ушанг нывкӕнынадӕй дарддæр расгуыхт Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕныны хъуыддаджы дæр. У Хуссар Ирыстоны ивгъуыд ӕнусы 90-æм æзты хæстон архайдтыты хайадисæг. Уый тыххӕй Ушангӕн лӕвӕрд ӕрцыд орден "Уацамонгӕ" —республикӕйы уӕлдӕр æфсæддон хорзӕх.

Фыды нывтæй нӕ дуджы онг кӕд никæцы æрхæццæ, уӕд йæ фырттæ та бахастой стыр хайбавæрд Ирыстоны нывкæнынады райрӕзтмӕ.

Абон нывкæнынады дунейы ӕфсымӕртӕй кӕд Ушангы ном хъуыстгонддæр у, уӕд хуымæтæг адæмы зæрдæ та тынгдæр балхæдтой Зауры графикæ æмæ хуызфыссынады куыстытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0