Фæстаг сулæфты онг: цыппар æдзард уды трагеди Тъбеты

© Sputnik / Наталья АйриянАвгусты хæсты амæттæгтæ
Августы хæсты амæттæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдыбæстæ бахъахъхъæныны тыххæй 2008 азы сыстад Аланты байзæдтæгты ног фæлтæр. Æмæ хуымæтæджы нæ, уыдонæй алчидæр йæ зæрдыл дардта ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты хабæрттæ. Æмæ кæд тыхтæ æмхуызон нæ уыдысты, уæддæр дзы уæлахизы сæраппонд иунæг дæр йæ цард нæ бавгъау кодта

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik, Дриаты Лейла. Иуæндæс азы размæ августы гуырдзыйы фашисттæ Ирыстоны арæнтæм куы ‘рбафсæрстой, уæд нæ горæты Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды хæстонтæ дæр уыдысты Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты. 8-æм августы, райсомæй раджы Къостайыхъæумæ бахызтысты гуырдзыйы гæрзифтонг æфсад æмæ уым бæстыл арт стыр зиæнттæ ракæнгæйæ сæ тых сарæзтой Тъбеты хъæуыл горæт Цхинвалмæ.

Мысӕн мадзал - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ницы ферох": Хуссар Иры ӕрымысдзысты 2008 азы августы хӕсты амӕттӕгты

ОМОН-ы командир уæд Пухаты Мераб уыд, уый йæ хæцæг лæппуты адих кодта цалдæр къордыл. Иууыл тæссагдæр ранмæ - Тъбеты хъæуы æрбацæуæнмæ цы къорд ацыд, уыдон уыдысты Мæлдзыгаты Сослан, Санахъоты Алан, Къæбысты Алан æмæ  Быценты  Гайоз.

Цыппар лæппу æнæмсæр тохы бацыдысты знаджы ныхмæ. Уыдон бæргæ æмбæрстой, цыппарæй уыйбæрц æфсады ныхмæ ницы сараздзысты, фæлæ нæ уыд æндæр гæнæн, хъуамæ сæ æрурæдтаиккой, цæмæй знаг ма зæгъа, зæгъгæ, нæ ныхмæ чи фæлæууыдаид, уый дæр сæм нæ разынд.

Сæ командир Пухаты Мераб  сын рацийы бардзырд радта, цæмæй сæ бон цас суа, уый бæрц танктæ спырх кæной. Лæппутæй сæ иу Къæбысты Алан уыд гранатометæй æхсæг. Санахъоты Алан та уыд йе ‘ххуысгæнæг. Уыдон сæ дыууæ дæр рахызтысты æргом хæстмæ æмæ райдыдтой знаджы ‘рдæм æхсын. Цалдæр æхсты фæстæ разæй цæуæг танк йæ бынаты дзыхълæуд æркодта, фæлæ та иу уысмы фæстæ размæ анкъуыст. Къæбысты лæппу та ногæй афæлвæрдта фехсын, фæлæ та йын уæддæр танк спырх кæнын нæ бантыст. Къорды командир  Бежанты Алан бæргæ бамбæрста уавæр æмæ иннæтæн радта бардзырд, цæмæй фæстæмæ алæууой æмæ сæхи бахъахъхъæной. Фæлæ, знаг йæ кæнон бакодта - æхстыты бын сæ фæкодтой. Сæ мард буартæ сын быдырæй чи рахаста, уыдон сæ цы уавæры федтой, уый абон дæр сæ цæстыты разæй нæ хизы, нал, дам, сæ уыд базонæн. Цыдæр амæлттæй цыппары мæрдон буары дæр æрластой моргмæ. Уырдыгæй та сæ аластой Цæгат Ирыстонмæ.

Мæлдзыгаты Сослан уыд ацы цыппар хæстонтæй се ‘ппæты кæстæр, цыдис ыл æрмæстдæр 19 азы. Йæ ныййарæг мад æмæ дыууæ хойы ныууагъта кæугæйæ. Йе ‘мгæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Сослан хъæбатырдзинад рахаста æрдзæй.

Мæлдзыгаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нæ йын бантыст цæрын: Иры хъайтар Мæлдзыгаты Сослан нысан кæнит абон йæ 30-азон юбилей

Ирыстоны сæрвæлтау æрхаста йæ сæр. Йæ Ирыстонæн иууыл зындæр куы уыд, уæд йæ риуæй бахъахъхъæдта йе ‘мтуг адæмы. Сослан афтæ бирæ цы Райгуырæн бæстæ уарзта, уым æй бавæрдтаиккой, уый фадат дæр ын нæ радтой, йе 'знæгтæ. Абон дæр Мæлдзыгаты Сосланы ингæн ис Цæгат Ирыстоны, Михайловскы хъæуы уæлмæрды. Сабыр дуг кæм æрлæууыд, æдасæй кæм цæрæм, уыцы Ирыстон кæддæриддæр кад кæндзæнис Сослан æмæ уый хуызæн хъайтартæн.

Санахъоты Алан дыууæ азæй фылдæр рацард Мæлдзыгаты Сосланæй. Райгуырд 1988 азы Цхинвалы, каст фæцис Дзауы астæуккаг скъола. Йе ‘ввахс хиуæттæ æмæ ныййарджытæн ныууагъта æрмæстдæр йæ сонт уды мысинæгтæ, рæвдаугæ хъæлæсæй-иу цы хъæлдзæг ныхæстæ кодта, уыдон. Уыд уæззау зонды хицау, æмбæрста уæды царды зын уавæртæ æмæ архайдта йæ ныййарджытæн сæ къух фæрæуæгдæр кæныныл. Фæлæ хъысмæт æгъатыр разынд, йæ фæндтæ йæ бæллицты ахаста уыцы дунемæ йемæ.

Къæбысты Алан  дæр кæугæ æмæ дзыназгæ ныууагъта йæ ныййарджыты. Цардмондагæй ахаста сау мæрмæ йæ уарзон чызгмæ уарзондзинад. Йæ хæстон æмгæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Алан уыд хæларзæрдæ, æмгæртты уарзон æмæ æнувыд хæлар. Цыфæнды хъуыддаджы дæр Аланы чи зыдта, уый дзы æрмæстдæр уыд райгонд. Уыд ныфсджын æмæ йæ хæстон хæстæ æххæст кодта цæсгомджынæй.

Быценты Гайозы хиуæттæ, сыхæгтæ æмæ йæ чи зыдта, уыдон се ‘ппæт дæр, йæ амæлæт ын фехъусгæйæ, цавддурау фесты. Йæ чысыл хъæбул Кристинæ та баззад сидзæрæй дыууæаздзыдæй.

"Уый уыдис хъæлдзæг зæрдæйы уагимæ, зондджын æмæ намысджын æмгар. Цыфæнды хъуыддаг дæр ын бахæс кæн – æххæст æй кодта цæсгомджынæй æмæ афоныл", - зæгъы хæларæй кæимæ цард, ахæм æмгар.

Сæ амæлæты фæстæ ацы цыппар лæппуйы хорзæхджын æрцыдысты иууыл уæлдæр хорзæх "Уацамонгæ"-йæ.

Хъæбатыртæ нæ мæлынц! Уыдонæн сæ ном æнустæм цæрдзæн ирон адæмы зæрдæты. Ирыстоны ногдæр историйы фыст æрцыдысты сæ нæмттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0