Хуссар Иры кæсагдарджытæ: нæхи доны цы кæсаг сырæзы, уый хæрзаддæр у

© Sputnik / Наталья АйриянКæсагдарды хæдзарад
Кæсагдарды хæдзарад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадæй æххуыс чи райста, уыдоны ‘хсæн сты, кæсагдард чи кæны, ахæм амалиуæггæнджытæ дæр æмæ ныр сæ хъуыддæгтæ размæ цæуынц

ЦХИНВАЛ, 12 фев – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны районты фæстаг æзты райтынг сты кæсагдарды хæдзарадтæ. Ацы фæзынд у ногдзинад республикæйы. Кæд советон рæстæджы дæр фадат уыд кæсагдард райтынг кæнынæн, уæддæр æм хъусдард здæхт нæ цыдис.

Ныртæккæ республикæйы территорийыл ис цыппар кæсагдарды хæдзарады - Дзау, Знауыр æмæ Цхинвалы районты. Ацы куыст райтынг кæнын кæй фæнды, уыдонæн кредиты хуызы æххуыс цæуы бæстæйы разамынады ‘рдыгæй. 2019 азы ахæм кредиттæ лæвæрд æрцыд 49 адæймагæн.

Южные ворота: живая рыба из заботливых рук - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Хуссайраг дуæрттæ": цæрдуд кæсаг аудгæ къухтæй

Кæсагдарды хæдзарадтæй сæ иу ис Гуфта-Къуайсайы фæндаджы был. Йæ саразæг у Гæджиты Леонид. Уый куыд зæгъы, афтæмæй йæм кæсаджы бассейнтæ саразыны хъуыды æрцыд 25 азы размæ, рæстæг куы сызмæст, уыцы æзты. Уый уæд куыста экономистæй.

"Уыцы рæстæджы дуг уæззау уыдис, куыст нал уыд, æмæ хъуыд амæлттæ кæнын. Сфæнд кодтон дурцъæлгæнæн куыстуат æрбакæнын. Балхæдтон, куыстæн цыдæриддæр хъуыдис, уыдон, фæлæ мын сæ адавтой", - мысы амалиуæггæнæг.

Фæхъыг кодта Леонид æмæ сфæнд кодта æндæр исты къабазмæ ахизын æмæ æрæвнæлдта кæсагдардмæ. Райдианы цад сарæзта сæхи хъæуы. Цæмæй кæсæгты сбирæ кодтаид, уый тыххæй-иу цæугæдоны кæсæгтæ æрцахста æмæ-иу сæ йæ цады ауагъта. Иу афон уалдзæджы зæй рацыд æмæ йын йæ цад æд кæсæгтæ аласта.

Ацы куыстыл кæй фæцайдагъ, уымæ гæсгæ йæ нал фæндыд йæ ныууадзын æмæ сфæнд кодта, Дзауы комы цы дæттæ ис, уыдонæй искæцы бындурыл бассейн саразын. Систа 8 чысыл цæугæдонæй анализтæ æмæ сæ ахаста Цæгат Ирыстонмæ.

"Уыдонæй специалисттæ иууыл хуыздæрыл банымадтой, ныртæккæ бассейнтæ кæм сарæзтон, уыцы цæугæдон. Уым æрбынат кодтон æмæ абон куыд у, ахæм уагмæ йæ æркодтон. Фæлæ уый тыххæй бирæ фыдæбæтты бахаудтæн, кæм дзы лæгдых хъуыд, кæм – финанстæ", - радзырдта уый.

Ныр Гæджиты Леониды хæдзарад йæ къахыл фидарæй лæууы. Уый Цæгат Ирыстонæй æрласы хæрзчысыл кæсæгтæ, бынаты сæм базилы æмæ 3-5 килограммы бæрц куы свæййынц, уæд сæ ауæй кæны. Уырдæм æм, бынатмæ бацæуынц æлхæнджытæ.

Знауыры районы Сихиаты хъæуы цы кæсагдарды хæдзарад ис, уый та сæндидзын кодта Цхуырбаты Сослан. Лæппу куыд зæгъы, афтæмæй кæсагдард æнцон куыст нæу. Цæмæй сæндидза, уый тыххæй хорз доныгъæдæй дарддæр хъуамæ арæзт æрцæуа цалдæр бассейны. Стæй хъуамæ зонай, мах климаты уавæрты кæсаджы цахæм хуызтæ тынгдæр рæзы.

Лосось и форель: как разводят рыбу в селе Касагджын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕргъай æмæ валергæсаг: куыд хъомыл кӕнынц Кӕсагджыны хъӕуы кӕсаг

"Кæсæгтæн дæр сæхи низтæ ис æмæ сæ хъахъхъæнын хъæуы. Иу кæсагыл низ куы фæзына, уæд гæнæн ис сыскъуына се ‘ппæты дæр. Кæсæгты иу хуызтæ арæх бахæрынц æндæрты, уымæ гæсгæ сæ ахицæн кæнын фæхъæуы. Æппæт ацы сусæгдзинæдтæ куынæ зона кæсагдарæг, уæд йæ хæдзарадæй пайда нæ исдзæн", - раргом кодта Сослан.

Цхинвалы районы Къохатмæ хæстæг дæр ис кæсагдарды хæдзарад, уый та йæ къахыл слæууын кодта Дменисы хъæуы цæрæг Сагкаты Роман.

Раздæр дæр ам, Уанаты хъæуы, гуырдзиаг цæрджытæ дардтой кæсаг. Цæмæй бассейнты фæстæмæ æмбæлон уагмæ æркодтаид æвзонг амалиуæггæнæг, уый тыххæй бирæ фæрæзтæ хъуыд. Цæгат Ирыстоны цы кæсагдарды хæдзарадтæ ис, уым балхæдта æхсæз мин лæппын кæсаджы. Уыдон, сæйраджыдæр, уыдысты хъулон кæсæгтæ.

Райдианы Роман уыдон уæй нæ кодта, байуæрста-иу сæ йæ зонгæтыл. Ныр уымæ стыр хъуыдытæ ис фидæны. Цæмæй хæдзарад фидарæй йæ къахыл слæууа, уый тыххæй хъуамæ сараза сæрмагонд кæсагæфснайæн ныккæнд, уым уыдзæн уазалгæнæнтæ, кæсагæфснайæн вакуумтæ, уымæн æмæ удæгас кæсагæй дарддæр ма уый фæнд кæны кæсаджы фыд цæхджын кæнын, стæй йæ ныллыгтæ æмæ фынгмæ æрхæссыны æввонг æркæнын.

Ныртæккæ Романмæ цы кæсаг ис, уый уæй кæны бынаты. Амалиуæггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй йæм Цæгат Ирыстонæй дæр æрцæуы æлхæнджытæ. Зæгъынц, зæгъгæ, нæхи доны чи схъомыл вæййы, уыдонæн сæ фыд бирæ хуыздæр ад фæкæны.

Ног хабӕртты лентӕ
0