Еналдыты хотӕ ирон адӕмы геноциды рӕстӕджы сӕ фыды фыдӕбӕтты тыххӕй

© Из личного архива сестер Еналдиевых Еналдыты Барис
 Еналдыты Барис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Еналдыты Наташа æмæ Назирæт радзырдтой Sputnik сӕ фыд ӕмӕ дадайы фыдӕбӕтты тыххӕй 1920 азы ирон адӕмы геноциды рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 14 июн – Sputnik, Дриаты Лейла. Ирон адӕмы 1920 азы геноциды тыххæй фæстаг рæстæджыты бирæ фыстæуы æмæ дзырдæуы, уæлдайдæр та ныртæккæ, йӕ 100-азон юбилейы агъоммæ. Ацы темæйыл дзурæн нæ уыд советон дуджы, уымæн æмæ Советон Цæдисы адæмтæ æфсымæрон уыдысты æмæ хæларæй хъуамæ цардаиккой, æвзæрæй цы уыд хицæн нациты ‘хсæн, уыдоны хъуамæ ферох кодтаиккой. Фæлæ адæмы хъуыды ахæм цаутæ нæ рох кæны. Хистæр фæлтæр сæ дзурынц кæстæртæн æмæ афтæмæй, фæлтæрæй-фæлтæрмæ, цæуынц, кæд дзы бирæ цыдæртæ рæстæджы фæлмæй нал зынынц, уæддæр.

Абон не ‘хсæн нал сты, уыцы геноцид чи бавзæрста, чи тох кодта Гуырдзыйы меньшевикты ныхмæ, уыдон. Фæлæ не ‘хсæн бирæ цæры, кæмæн сæ дзырдтой æмæ сæ йæ зæрдыл чи бадардтой, ахæмтæ. Уыдонæй сты Еналдыты Наташа æмæ Назирæт дæр, стæй сæ иннæ хотæ æмæ æфсымæртæ. Сæ фыд Барис æрмæст уыцы цауты нæ, фæлæ революцион змæлды дæр активон хайадисæг уыд. Æмæ йæ бирæ кæстæртæн арæх кодта уыцы уæззау азты хабæрттæ.

Хициуад - Sputnik Хуссар Ирыстон
ФХМ: ирӕтты геноцид банымайын – историон рӕстдзинады фарст

Дзауы районы бæрзонд хæххон хъæу Мзиуы 1892 азы райгуырд æмæ схъомыл Еналдыты Барис. 1920 азты трагикон цаутæн йæхæдæг уыд æвдисæн. Уый хайад иста фыццаг дунеон хæсты дæр. Хæстон архайдтыты рæстæджы уый бахаудта уацары æмæ Германы фæцис æртæ азы бæрц. Барис-иу йæ мысинæгты радзырдта, уым цы хъизæмæрттæ æвзæрстой, уыдоны тыххæй. Уацайрæгтæ æвзæрстой удхар æмæ хъизæмайраг бонтæ. Иумæйаг баракты сæ батардтой æмæ-иу сын æнæбары къæбæр баппæрстой. Уымæй размæ дæр куыннæ æййæфтой æххормаг рæстæджытæ, фæлæ сæ уым куыд сыдæй мардтой, афтæ никуы.

Уацайрæгты тыхтæ сихсыдысты æмæ цагъды кодтой. Барис куыд дзырдта, афтæмæй-иу сын æрвылрайсом ластой сæ мæрдтæ. 16 боны фæстæ ма уацайрæгтæй чи баззад, уыдоны Уæрæсейы уæды хицауад балхæдта. Æмæ æрыздæхт Еналдыты Барис йæ райгуырæн хъæу Мзиумæ. Æрыздæхт ахæм рæстæджы, Ирыстоны къуымты революцион змæлд тыхджынæй-тыхджындæр куы кодта. Уыцы рæстæджы архайдта зæхкусджыты революцион комитет. Барис бацыд уыцы комитеты скондмæ. Хæсты фæлтæрд лæг бастдзинад дардта Цæгат æмæ Хуссары партизанты къордтимæ. Уый-иу арæх æрымысыд зынгæ революционертæ Дзадтиаты Александр, Санахъоты Мате æмæ æндæрты. Уымæн æмæ меньшевикты архайды тыххæй зонæнтæ лæвæрдта уыдонмæ.

Уæрæсейы Паддзахадон думæйы депутат Виктор Водолацкий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон адæмы геноцид банымайыныл бакусдзысты Паддзахадон думæйы фракцитæ иууылдæр

Барис йæ сæрибар рæстæджы хæдзарон куыстыты æххуыс кодта йæ ныййарджытæн дæр. Йæ фыд Дзамболат куыстуарзаг уыд. Цæрæг хæдзарыл нымад уыдысты. Дардтой бирæ стурвос æмæ лысттæгкъах фос. Горæты йын уыд дукани. Наташа куыд зæгъы, афтæмæй дзы æрмæст урсаджы продукттæ нæ уæй кодтой, фæлæ ма сӕхӕдӕг цы "карамель" æмæ "кис-кис" конфеттæ арæзтой, уыдон дæр. Хæлæггæнджытæ дæр бирæ уыд Дзамболатмæ æмæ йæ рахуыдтой кулак, æвзаг хастой хицауиуæгадмæ, фæлæ йыл кулачы ном сæвæрын сæ бон нæ бацис. Уымæн æмæ нæ дардта æххуырстытæ. Цы сын æнтыст царды, уый уыд сæ уæнгты тыхы руаджы. Цы дыууæ лæппу æмæ 6 чызджы хъомыл кодта, уыдон хæдзары алыгъуызон куыстытæ дæр кодтой сæхæдæг æмæ йæ нæ хъуыдис æххуырстытæ дарыны сæр.

Партизанты къорды уæвгæйæ, Барис æмæ йе ‘мбæлттæ зыдтой меньшевикты фыдвæндты тыххæй. Æмæ æрхæццæ уыцы бон дæр. 1920 азы 12 июны гуырдзиаг меньшевикты гварди æрбабырста горæт Цхинвалмæ. Горæт хъахъхъæнджытæй уæд фæмард тынг бирæ. Гæрзифтонг æфсадæн ныхкъуырд радтын нæ бафæрæзтой, уымæн æмæ сӕм уадиссаг нæ уыд æхсæнгарз. Афтæмæй меньшевикты æфсад райдыдта Хуссар Ирыстоны территори ирон цæрджытæй сыгъдæг кæнын, арт æфтыдтой ирон хъæутыл. 20 июны уыдон фехстой 13 коммунары. Гуырдзиаг меньшевиктæ-иу цы хъæумæ бабырстой, уым мардтой, алидзын кæмæн нæ бантыст, уыцы цæрджыты, стæй-иу басыгътой хæдзæртты. Знауыры районы хъæуты басудзыны фæстæ уыдон сæ фæндаг акодтой Дзауы коммæ. Уыцы рæстæджы гуырдзиаг меньшевиктæ æрцахстой Мзиуы хъæуы цæрæг Галуанты Гедеваны дæр. Уый уыд æнӕахуыргонд лæг æмæ йæ гуырдзиæгтæ куы фарстой, зæгъгæ, цæй тыххæй хæцыс, уæд сын æмбæлон дзуапп радтын йæ бон нæ бацис. Уæд æй фыднад фæкодтой æмæ йæ мардæфсон ныууагътой.

Уыцы цаутæ тасдзинад уагътой Мзиуы хъæуы цæрджыты зæрдæты æмæ хъæуы хистæр лæгтæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй уыдон дæр баиу уой лигъдæттимæ. Хъæуы цæрджытæй бирæтæ сæ цæхæрадæтты скъахтой уæрмытæ æмæ уым ныгæдтой, сæ муртæй æнæмæнгхъæуæгыл цы нымадтой, ахæм дзаумæтты. Афтæ Мзиуы хъæуы цæрджытæ дæр баиу сты гыццылæй-стырæй Цæгат Ирыстонмæ цæуæг лигъдæттимæ.

Фильмӕй кадртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Геноциды 100 азмӕ: Хуссар Иры бавдисдзысты документалон киноныв

Барисы фыд, Еналдыты Дзамболат нæ акуымдта лигъдæттимæ, баззад хъæуы иунæгæй. Барисæн зын уыд йæ фыды хъæуы ныууадзын, фæлæ иннæ бинонты хъуыд Цæгатмæ, сæ хæстæджытæм фæхæццæ кæнын. Тарстис фæндæгтыл сыл исты бæллæхтæ æрцæуынæй, уæлдайдæр та йæ хойæн, æнхъæлцау сылгоймаг уыд.

Уæдмæ меньшевиктæ бахæццæ сты Мзиумæ дæр. Æнæзонгæ адæмы фенгæйæ Дзамболат йæхи айста хъæдмæ. Уырдыгæй сæм йæ хъус дардта æмæ бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæмæй хъæуыл пиллон арт сирвæзтис. Æрмæстдæр нæ сыгъдис, хъæугæрон цы хæдзар уыдис, уый. Хæдзар та уыд, Мзиумæ сæ чи бакодта, уыцы уæйгæнæджы. Цалдæр боны Дзамболат арвыста арсы лæгæты. Мзиуы хъæуы дæр иннæ хъæутау æртхутæг фестын кодтой, уый фехъусгæйæ Барис æрбаздæхт сæ хъæумæ йæ фыды агурæг. Æрлæууыдис, фæздæг ма чысылтæ кæцæй цыдис, уыцы сыгъд хæдзары раз æмæ ставд цæссыгæй куыдта йæ фыдыл, йæ сыгъдæттæ йын фæнычы агургæйæ. Уыдæттæм йæ хъус даргæйæ Дзамболат рахызт хъæдæй æмæ йе ‘ргом сарæзта хъæумæ. Æрлæууыд йæ фыртмæ чъылдымы ‘рдыгæй æмæ йæ хъæрæй афарста, мæн кæд нæ агурыс, мыййаг, зæгъгæ, сыгъдонты? Фыд æмæ фырт кæрæдзийыл ныццин кодтой.

Уый фæстæ йын Барис æрхуымæй радзырдта лигъдæттæ фæндæгтыл цы хъизæмæрттæ æвзæрстой, бирæтæ дзы уазал æмæ æххормагæй бынатмæ дæр куы нæ хæццæ кодта, бирæтыл та-иу низ куыд сыстад æмæ куыд цагъды кодтой, уыдæттæ. Уыцы ныхæстæм хъусгæйæ, Дзамболат йæ зæрдæмæ ныхъхъуыста. Зæронд лæг бонæй хъæды уыдис, изæр та-иу æрхъуызыд сæ сыгъд хъæумæ. Дзамболат куыд дзырдта, афтæмæй цалдæр боны фæстæ хъæумæ æрбаздæхтысты сæ сыхæгтæ - фыд æмæ фырт, цæмæй семæ ахастаиккой, уæрмы сын ныгæд чи уыдысты, уыцы картофтæ.

Хуссар Иры ацæудзысты ирон адæмы геноциды амæттæгты мысæн мадзæлттæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Æнæ митингæй: Хуссар Иры ацæудзысты 1920-ӕм ӕзты геноциды амæттæгты мысæн мадзæлттæ

Сæгъы цармæй хуыд хызын куыддæр байдзаг кодтой, афтæ атындзыдтой хъæды ‘рдæм, цæмæй сæ бинонты баййафой. Уыдон баивæрзтысты, фæлæ Дзамболаты хъæдмæ цæугæйæ меньшевиктæ бафиппайдтой æмæ йæ фæстейæ æхсын райдыдтой, йæ фæстæ гуырæй гуырмæ цæугæйæ. Зæронд лæг сæ йæхæдæг дæр æхста йе ‘хсæнгарзæй. Меньшевиктæ уыдысты бæхтыл æмæ Дзамболатæн тынг тæссаг уыд, куы йæ баййæфтаиккой, уымæй. Хъæуы ‘рдæм зулаивæй кæсгæйæ, йæхимид хæрзбон дзырдта йæ уарзон сыгъд хъæуæн, фæлæ цалдæр метры æддæдæр йæ цæст схæцыд, зымæджы зæй кæм рацыд, уыцы лæбырды иу мæнг бынатыл. Йæхи йæм баппæрста æмæ дзы ахызт иннæрдæм, йæ ных сарæзта Къусджыты хъæуы ‘рдæм. Гуырдзиæгтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, раджы уа, æви æрæджы, уæддæр рахиздзæн уырдыгæй, кæнæ та уым ныссæлдзæн æмæ амæлдзæн. Афтæ йæм фенхъæлмæ кастысты цалдæр сахаты æмæ æддæмæ куынæ хызт, уæд ацыдысты. Дыууæ хатты йе знæгтæй аирвæзгæйæ Дзамбол йæ хъысмæты æртыккаг хатт нал сфæлвæрдта æмæ æфцæджы сæрты ахызт Цæгат Ирыстоны ‘рдæм.

Барисы уыцы рæстæджы цалдæр хатты бахъуыд æфцæджы сæрты ахизын. Фæстаг хатт куы раздæхт фæстæмæ, уæд аскъуыддзаг кодта, цæмæй йæ фыды абæрæг кодтаид. Бирæ йæ фæцагуырдта хъæуы алывæрсты, бабæрæг кодта арсы лæгæты дæр, фæлæ йæ нал ссардта. Йæ бон куы базыдта, уæд бинонтимæ йæ цæгатмæ кæй нæ акодта, уымæй йæхи æфхæргæйæ аздæхт фæстæмæ Цæгат Ирыстонмæ, йæ бинонтæ кæмæ цардысты, уыцы хæстæджытæм. Йæ хотæ се ‘фсымæры хъуыддаг куы бамбæрстой, уæд хъазыны охыл сæ фыды æндæр хатæны бамбæхстой. Барис æнкъардæй бахызт хæдзармæ æмæ йæ цæссыгтæ сæрфгæйæ фехъусын кодта, кæй нал ссардта йæ фыды, æвæццæгæн, æй зæгъгæ, гуырдзиæгтæ амардтой. Дзамболат нал бабыхста æмæ рахызт йæ фыртмæ. Кæрæдзийыл та куыннæ фӕцинтӕ кодтаиккой!

Фыдрæстæджытæ фесты. Меньшевиктæ дæрæн æрцыдысты, лигъдæттæ фæстæмæ здæхын райдыдтой сæ сыгъд уæзгуытæм. Фæлæ дзы алкæмæн æрыздæхын нæ бантыст. 20 мин адæймагæй фылдæр баззадысты Цæгат Ирыстон æмæ æндæр рæтты цæргæйæ. Фæстæмæ чи æрыздæхтысты, уыдонимæ уыдысты Еналдыты бинонтæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0