Ирон сылыстӕг - цардаразӕг фарн: куысты ветеран Кокойты Асиат банысан кодта 80-азон юбилей

© Sputnik / Дриаты ЛейлаКокойты Асиат
Кокойты Асиат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кокойты Асиаты иузæрдион æмæ æнувыд куыст нысан æрцыд бирæ хорзæхтæй: "Намысджын куысты тыххæй" майдан; "Куысты ветеран", "Соцерысы фæуæлахизуæвæг", "Коммунистон куысты хъазуатон", бирæнымæц грамотæтæ, премитæ æмæ æндæртæй

ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik, Дриаты Лейла. Адæймаг æппæтæй дæр хъуамæ рæсугъд уа - бакастæй дæр, кондæй дæр æмæ удæй дæр. Афтæ загъта стыр уырыссаг фыссæг Антон Чехов. Уыдонæй сæйрагдæр, æнæдызæрдыгæй, уды рæсугъддзинад у, уымæй хайджын дæ - дæ бакаст дæр æмæ дæ дарæсы конд дæр адæммæ рæсугъдæй зындзысты.

Хуыцау уыдæттæй Кокойты Асиаты нæ фæхъыг кодта. Радта йын аив бакаст, рæсугъд уды сконд æмæ кæй æхсæн цæры, уыцы хиуæттæ, зонгæтæ, æмкусджытæн та йæ фæлмæн ныхас, йæ хæрзиуæгон архайдæй хæссы æхцондзинад.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ, бæлвырддæрæй та 1940 азы Дзауы районы Църуйы хъæуы райгуырдис Асиат. Уæззау рæстæг уыдис. Ноджы ма хæст куы райдыдта, уæд уавæр фæуæззаудæр.

Царды уадтымыгътæм нæ кæсгæйæ, уыцы дуджы рæзгæ фæлтæрæн сæ фæндæгтæ гом кодтой рухс фидæнмæ. Сæйраджы сæйраг та хъæуты гом кодтой скъолатæ. Æмæ Асиат дæр ахуыр кæнынмæ цыд, сæ хъæуы цы скъола байгом раздæр, уырдæм.

Постхæссæг Кæрчиты Вера  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фарны хабӕрттӕ алы хӕдзармӕ дӕр: постхӕссӕг йӕ зын, фӕлӕ ахсджиаг куысты тыххӕй

Ирыстоны æппæт къуымтæй, хъæууон скъолаты ахуырад райсгæйæ, бирæтæ ууыл нал лæууыдысты, фæндыд сæ дарддæр ахуырдзинад райсын æмæ сæхи æппæрстой æндæр рæттӕм, сæйраджыдæр та Цхинвалы ахуырад райсынмæ. Стæй æрмæст ахуырад нæ, фæлæ Цхинвал райдыдта рæзын, хъуыдысты кусæг къухтæ æмæ фæсивæд ивылын райдыдтой горæтмæ, чи - ахуырмæ, чи - кусынмæ. Уыцы уылæны бахауд æвзонг чызг Асиат дæр æмæ йæ хъæуы астазон скъола фæуыны фæстæ йæ царды фæндаг адардта Цхинвалмæ - педагогон ахуыргæнæндонмæ.

Æмæ йæ каст фæцис. Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны скъолатæ педагогон кадртæй цух æййæфтой æмæ 19-аздзыд чызджы арвыстой Къуайсамæ, райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй. Асиат, сабидуджы цинтæй цух уæвгæйæ, ахуыр æмæ хъомылады руаджы циндзинад хаста сабиты зæрдæтæм.

Фæлæ царды фæзилæнтæ æбæрæг сты. Æмæ æрыгон чызджы йæ хъысмæт фæстæмæ æркодта столицӕмӕ, Цхинвалы хуыйæн фабрикæмæ. Æмæ дзы кæцы бынаты не сфæлвæрдта йæхи. Уыд хуыд дзаумæтты бæстонгæнæг, хуыйæг, техникон контролы хайады контролер, нормæвæрæг инженер, мастер, сменæйы мастер, цехы хистæр, рационализаторон æмæ æрхъуыдыдзинæдты фæдыл инженер, куыст зонадон æгъдауæй организаци кæныны фæдыл инженер.

© Sputnik / Дриаты ЛейлаКокойты Асиат йæ бинонтимæ
Ирон сылыстӕг - цардаразӕг фарн: куысты ветеран Кокойты Асиат банысан кодта 80-азон юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кокойты Асиат йæ бинонтимæ

Æппæт фадгуыты дæр хæххон, уæззау уавæрты чи хъомыл кодта, куысты уæз æмæ аргъ чи зыдта, уыцы сылгоймаг йæ коллективы ‘хсæн тырныдта куысты хуыздæр фæстиуджытæ къухты бафтын кæнынмæ, æппæт тыхтæ, зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинад уымæ здахынмæ.

Иуахæмы йын йæ бæрны бакодтой, фæстейæ чи зад, ахæм бригадæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ йæ ракодта раззагдæрты рæнхъытæм.

"Æнтыст æнæнхъæлæджы не ‘рцæуы. Хъуамæ домаг уай. Домай дæ дæлбар кусджытæй, цæмæй хъахъхъæной фæллойадон дисциплинæ, цæмæй куысты рæстæг дзæгъæлы ма сафой, тырной гъæдджын продукци уадзынмæ. Хъуамæ домай дæхицæй дæр, æнкъарай бæрндзинад, кæй æхсæн кусыс, уыдоны раз, ма цæуай сæ зæрдæхудты, æууæндой дыл", - зæгъы Асиат.

Царды размæ тырнæг сылгоймаг, цы ахуырад райста, уый фагыл нæ банымадта æмæ кондадæй нæ фæиппæрд уæвгæйæ, ахуыр кæнынмæ бацыд Краснодары рог сæудæджерады техникуммæ, фæстæдæр та - Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединститутмæ (ныры университет). Йæ зонындзинæдтæ фылдæр кодта марксим-ленинизмы университеты дæр.

Институты ахуыр кæнгæйæ, Асиат сæмбæлд йæ фидæны цардæмбал – Цхуырбаты Зауырыл. Æниу, æмбæлгæ цы, иу курсы ахуыр кодтой, фæцыдысты кæрæдзийы зæрдæмæ æмæ се ‘хсæн райгуырд уарзт, кæцы цырынæй цырындæр кодта æмæ ахуыр куы фесты, уæд баиу кодтой сæ цард.

Тагъд лидзы рæстæг. Æхсай азы бæрц рацыдис уæдæй фæстæмæ. Хъæрмудæй фæцардысты æмæ абон дæр цæрынц Асиат æмæ Зауыр. Ис сын кæстæртæ, кæстæрты кæстæртæ æмæ уыдонæн дæр - кæстæртæ…

© Sputnik / Дриаты ЛейлаКокойты Асиат йæ бинонтимæ
Ирон сылыстӕг - цардаразӕг фарн: куысты ветеран Кокойты Асиат банысан кодта 80-азон юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кокойты Асиат йæ бинонтимæ

1980 азы Асиаты хуыйæн фабрикæйы коммунисттæ сæвзæрстой парткомы секретарæй. Куыста дзы кондад нæ ныууадзгæйæ, ома, мызд ын нæ фыстой, афтæмæй. Бирæ коммунистты иу кодта фабрикæйы партион организаци. Асиатæн йæ хæстæ фæфылдæр сты, фæлæ сæ уый кæддæриддæр æххæст кодта цæсгомджынæй. Афтæ фæкуыста æртæ азы бæрц, стæй парткомы секретарæн райдыдтой мызд фидын, ома ссис сæрибар бынат æмæ бынтондæр рахызт ацы куыстмæ. Йæ уарзон коллективы ‘хсæн бакуыста 1991 азмæ. Бæргæ ма куыстаид дарддæр дæр, фæлæ стыр, хъомысджын бæстæ фехæлд, ахицæнтæ сты республикæтæ, фехæлдысты куыстуæтты ‘хсæн экономикон бастдзинæдтæ æмæ æдзух хуыйæн машинæты хъæлæба цы цехтæй хъуыст, уыдон ныссабыр сты - æрлæууыд сæ куыст.

"Зын мын уыд дуджы фæивд, Советон цардæвæрды ныппырх, бирæ азты дæргъы кæм фæкуыстон, уыцы фабрикæйы æрлæуд, зын мын уыд, тынг зын, нæ зæххыл хæсты арт кæй сирвæзт æмæ йæ адæм хъизæмайраг царды кæй ныххаудысты, уый. Фæлæ цы мæ бон уыд. Мæхæдæг дæр сæ уавæры уыдтæн æмæ æвзæрстон æппæт зындзинæдтæ дæр", - радзырдта Кокойты Асиат.

1996 азы Асиат нысан æрцыдис Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæгæй. Тыхст, уæззау рæстæг уыд. Адæм сæ проблемæтимæ цыдысты горæты администрацимæ дæр. Райста-иу сæ Асиат, байхъуыста-иу сæм. Гæнæн æмæ фадат уæвгæйæ, скъуыддзаггæнæн цы фарстатæн уыд, уым-иу сын баххуыс кодта. Афтæ ацы бынаты фæкуыста дæс азы бæрц.

Козаты Валя йæ ахуыргæнинæгтимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Сабитæ - мæ цин æмæ мæ уарзт": Козаты Валя йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ куысты тыххӕй

Уыдис СЦКП-йы XXX съезды делегат, афтæ ма ССР Цæдисы адæмты дыккаг Конгрессы делегат дæр. Уæрæсейы Компартийы фыццаг секретарь Геннадий Зюганов та йæ схорзæхджын кодта "Коммунистон партийы раз лæггæдты тыххæй" орденæй.

Йæ иузæрдион æмæ æнувыд куыст нысан æрцыд бирæ æндæр хорзæхтæй дæр. Ахæмтæ, куыд "Намысджын куысты тыххæй" майдан; "Куысты ветеран", "Соцерысы фæуæлахизуæвæг", "Коммунистон куысты хъазуатон" æмæ æндæртæ. Лæвæрд ын цыдис бирæнымæц грамотæтæ, премитæ. Йæ рæстæджы хаст æцыдис хуыйæн фабрикæйы "Кады чиныгмæ".

Рог сæудæджерады къабазы йе стыр лæггæдты æмæ бирæ азы йе ‘нтысгæ фæллойадон архайды тыххæй Асиатæн лæвæрд æрцыд "Республикæ Хуссар Ирыстоны рог сæудæджерады сгуыхт кусæджы" кадджын ном. Фæстæдæр, 2012 азы та - "Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæджы" кадджын ном.

Афтæ, активон уыдис æхсæнадон царды дæр. Асиатæн йе стай азы йæхирдыгæй фесты. Азтæ йын йæ уæхсджытыл цадæггай сæ уæз уадзынц. Фæлæ уæддæр нырма царды активон у. Дарддæр разамынад кæны компартийы горæтон комитеты куыстæн. Уæдæ хæдзары дæр йæ аудинæгтæ бирæ сты ӕмӕ сыл цӕстуарзонӕй тауы йӕ уарзондзинад ӕмӕ фӕлмӕндзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0