Политик, зондамонӕг ӕмӕ ӕгъдауы дӕнцӕг: Къуылыхтӕ мысынц сӕ номдзыд фыдӕл Ильяйы рухс ном

© Из личного архива Таймураза КулуховаКъуылыхты Ильяйы ингӕн
Къуылыхты Ильяйы ингӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.08.2021
Рафыссын
Номдзыд, дзырдзӕугӕ лӕг фӕцард 78 азы. Ныууагъта зӕнӕг æмæ уӕздан лӕгау-лӕджы ном, фӕкуыста бӕрнон бынӕтты, се 'хсӕн Хуссар Ирыстоны автономон областы ӕххӕстгӕнӕн комитеты сӕргълӕууӕгӕй, къухдариуæгад кодта заводтæн, советон дуджы партион органтæн.

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуылыхты мыггаг августы æрымысыдысты сӕ иууыл зындгонддӕр хистæр Къуылыхты Илья Дауиты фырты рухс ном - ууыл сӕххӕст уыдаид 120 азы. Йе сгуыхтдзинæдтæ, æнтыстытӕ æмæ адæймагдзинадæй Илья Дауиты фырт йæ фæдонтæн ныууагъта уæздан лæджы дæнцæг.

Номдзыд, дзырдзӕугӕ лӕг фӕцард 78 азы. Ныууагъта зӕнӕг æмæ уӕздан лӕгау-лӕджы ном, фӕкуыста бӕрнон бынӕтты, се 'хсӕн Хуссар Ирыстоны автономон областы ӕххӕстгӕнӕн комитеты сӕргълӕууӕгӕй, къухдариуæгад кодта заводтæн, советон дуджы партион органтæн.

Ӕдæппæт та раивта 20 бӕрнон бынатӕй фылдӕр, бахауд ахӕстонмӕ, бацыд меньшевикон Гуырдзыстонимӕ тохы, фесӕфта йе 'ввахс адӕмы фыццаг геноциды рӕстӕджы.

© Из личного архива Таймураза КулуховаКъуылыхты Ильяйы ингӕн
Политик, зондамонӕг ӕмӕ ӕгъдауы дӕнцӕг: Къуылыхтӕ мысынц сӕ номдзыд фыдӕл Ильяйы рухс ном  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.08.2021
Къуылыхты Ильяйы ингӕн

Кадджын гоймаджы сурӕт бӕрӕг у официалон биографи ӕмӕ йӕ фӕдонты мысинӕгтæй. Къуылыхты Дауиты фырт Илья райгуырд ӕнусы райдайӕны - 1901 азы Къуылыхты хъӕуы. Райдайӕн ахуырады фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Тбилисы, уый фӕстӕ ӕрыздӕхт Ирыстонмӕ, йӕ ныййарджытӕм Иончайы хъæумæ. Партион хаххыл ахуыр кодта, бæрнон бынӕтты куыста Хуссар Ирыстоны районты. Фӕлӕ уӕдмӕ æрхæццæ 1920 аз æмæ Гуырдзыстон райдыдта ирон адæмы сæ фыдӕлты цæрæн бынæттæй сурын. Илья уыд Хуссар Ирыстоны растадты къордты активон архайӕг.

"Харебаты Исахъы къорды архайдта. Тох кодта Советон хицауад ӕрфидар кӕныны сӕрыл. Дыууӕ хатты бадт ахӕстоны", - радзырдта йӕ мыггаджы минæвар Къуылыхты Таймураз.

1920 азы Хуссар Ирыстоны геноцид бандӕвта йӕ бинонтыл. Ильяйы фыд Дауитӕн цӕгатмӕ цӕугӕйӕ фыдӕбӕтты амард йӕ ӕфсымӕр æд бинойнаг æмæ дыууæ чызгимӕ, сидзӕрӕй баззадысты йӕ æртæ фырты. Уыдон схъомыл кодта Дауит.

Цард цыма нӕлгоймаджы фӕлвӕртта, куы йæ хорзӕхты бын кодта, куы та-иу ӕй бакодта ног цардфӕлварӕнты. Йӕ фӕдонты ныхӕстӕм гӕсгӕ, номдзыд лӕг йӕ цардвӕндагмӕ ӕнæкӕсгӕйӕ, баззад хуымӕтӕг адӕймагӕй, йӕхи ӕмсӕр дарын фæрæзта чысыл сабитимӕ дӕр.

Джиоты Екатерина  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2021
Мадӕлон ӕвзагӕн нывонд цард: куыд бабын кодтой Джиоты Катяйы советон репресситӕ

"Зӕронд уазӕгдоны цур мыл фембӕлд. Зыдта йӕ, музыкӕмӕ æвзыгъд кæй уыдтæн. Цыдаид мыл дæс-дыууадæс азы. Ныфс мын бавæрдта йе ʻххуысӕй Ереваны консерваторимӕ бацæуынæн. Сомихстоны хистӕримӕ уыдон схӕлар сты СФХ рӕстӕджы. Мӕ хъуыдымæ гæсгæ та нӕлгоймаг хъуамæ уыдаид ӕфсӕддон, кæнæ та инженер. Нӕ диалог рауад Ильяйы фæрцы дыууӕ ӕмсӕр нӕлгоймаджы ныхасау. Ӕз ахуырмӕ нӕ ацыдтӕн, фӕлӕ бахъуыды кодтон йӕ иузӕрдӕйон æмæ узæлгæ ахаст Къуылыхты зӕнӕгӕй се ʻ ппæтмæ дæр", - дзуры Къуылыхты Таймураз.

Ильяйы сгуыхтдзинӕдтӕн ӕрмӕст йе 'ввахс адӕмӕн нӕ уыдысты хъуыстгонд - уымӕн кад кодтой ӕгас республикӕйы дӕр.

"Мӕ мад мӕ иуахӕмы бӕгӕныйы заводмӕ арвыста. Кусæгмæ, æвӕццӕгӕн, Ильяйы ӕнгӕс фӕкастӕн ӕмӕ мӕ афарста, цы йын бавӕййын. Æз мæхи бацамыдтон æмæ мын уæд йӕ къухӕй равдыста "Эмальпровод"-мӕ, уый дам, зӕгъгӕ йӕ арӕзт кондад у. Уый мын уыд тынг æхсызгон, цыма мын Ленины майдан бакодтой мӕ риуыл, афтӕ мӕхи фӕхатыдтӕн", - мысы Къуылыхты Таймураз.

"Эмальпровод" иунӕг сӕудӕджерадон объект нӕ уыд, кӕцымӕ бахаста уый йӕ хайбавӕрд. Цънелисы Талькы завод куы райдыдтой аразын, цæмæй дзы талькы гуырӕнтæй пайда кæной, уæд фыццаг директорæй нысан æрцыдис Къуылыхты Илья.

Илья йæ фæстæ ныууагъта дыууӕ фырт ӕмӕ иу чызджы - Зауыр, Владимир ӕмӕ Раиса. Кӕстӕр фырт Владимир цӕры Санкт-Петербурджы, куыста атомон науты арæзтæдты сӕйраг конструкторæй. Йӕ чызг уыд Хуссар Ирыстоны 20 ӕнусы иууыл куырыхон политиктӕй иу - Гасситы Знауыры æмкъай. Раисайæн йӕ фырты фырт Гасситы Знауыр (кæстæр) у Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы.

© Из личного архива Таймураза КулуховаКъуылыхты Ильяйы ингӕн
Политик, зондамонӕг ӕмӕ ӕгъдауы дӕнцӕг: Къуылыхтӕ мысынц сӕ номдзыд фыдӕл Ильяйы рухс ном  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.08.2021
Къуылыхты Ильяйы ингӕн

Йӕ номдзыд фыдӕлы хорз миниуджыты хсӕн ма Къуылыхты Таймураз банысан кодта, чысыл мыггаджы минӕвӕрттӕ ӕмӕ се 'рвадӕлты кӕй ӕнгом кодта, уый дӕр.

"Фыццаг хатт 1969 азы Илья бацӕттӕ кодта Къуылыхтӕ ӕмӕ се 'рвадӕлтӕ - Нанитӕ, Бӕззатӕ, Диакъонтæ ӕмӕ Нартыхты иумӕйаг куывд. Уый фæстæ ахæм уæрæх скондæй æрвад мыггæгтæ никуыуал æрæмбырд сты. Нӕй, Хуыцау дзы мæхицæн нæ кæнын, фӕлӕ табу кӕнын йӕ номæн ӕмӕ йӕ кадӕн, хъарм ахаст мын æм баззад", - дзуры уый.

Дыккаг хатт хицӕнӕй Къуылыхты мыггаг ӕрӕмбырд сты ацы аз сӕрды, сӕ ратӕдзӕнтӕ цы хъӕуӕй цӕуынц, уым – Саджилзазы, Комы дзуармӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0