ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Козаты Диана. Гасситы Мурӕт ӕмӕ Денис Лебедевы ӕхсӕн тох-реванш уыдзӕн цымыдисаг, кӕд ӕмӕ дзырд цӕуа дыууӕ чемпионаг титулыл, загъта ирон спортсмены тренер Сланты Виталий.
Денис Лебедев 3 декабры Мӕскуыйы тӕрхонгӕнджыты ныхмӕлӕуд скъуыддзагмӕ гӕсгӕ фембылд Гасситы Мурӕтӕн ӕмӕ фесӕфта IBF титул фыццаг уӕззау уӕзы. Лебедевы иннӕ титул — WBA тохы раразмӕгонд не рцыд.
"Тох-реваншы тыххӕй бадзырдтӕ уадзынц промоутертӕ, уыдон цӕуынц уӕззауӕй, уымӕн ӕмӕ нын ахӕм домӕнтӕ ӕвӕрынц, кӕцытыл мах не ′сразы уыдзыстӕм", — загъта тренер.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гасситы Мурӕты фарс сразы уыдзӕн реваншыл ӕрмӕстдӕр уӕд, кӕд ӕмӕ Лебедев раразмӕ кӕна йӕ WBC-ы версимӕ гӕсгӕ чемпионы титул.
"Уӕд мах ацӕудзыстӕм бӕлвырд финансон хӕрдзтыл. Кӕд уыцы тох уагъд ӕрцӕуа, уӕд уый суыдзӕн стыр баиугонд матч, стӕм тох", — банысан кодта Сланты Виталий.
Гасситы Мурӕты чемпионаг титулмӕ претендент ма у украинӕйаг боксер Александр Усик дӕр.