ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Хуссарирыстойнаг боксертӕ ӕрхастой цыппар сыгъзӕрин майданы Пятигорскы ерыстӕй, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы фӕсивӕдон хъуыддӕгты, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.
Турнир нывонд уыд Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бонӕн. Хайад дзы райстой 200 спортсменӕй фылдӕр ӕппӕт Кавказӕй.
"Бӕрзонд конкуренцимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, хуссарирыстойнаг боксертӕ, се ‘хсӕн дыууӕ дебютанты, сӕхи равдыстой иттӕг хорз", — загътой пресс-службӕйы.
Комитеты ма банысан кодтой, сыгъзӕрин майдантӕ кӕй рамбылдтой спорты галуан "Олимп"-ы хъомылгӕнинӕгтӕ Бекъойты Инал, Хаситы Сослан, Мӕргъиты Игорь ӕмӕ Багаты Марат. Уыдон архайдтой 2005-2008 азты гуырд спортсменты хсӕн.