Майдантæ æмæ призтæ: цхинвайлаг теннисисттæ рамбылдтой Цæгат Иры фыццагады

© Sputnik / Из архива тренера М. Джиоева Цхинвайлаг теннисисттæ Цæгат Иры фыццагады
Цхинвайлаг теннисисттæ Цæгат Иры фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны уæлыстол теннисы фыццагды хатдзæгтæм гæсгæ, æхсæз цхинвайлаг спортсмены бацыдысты республикæйы æмбырдгонды скондмæ

ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг спортсментæ расгуыхтысты Цæгат Ирыстоны фыццагады уæлыстол теннисæй — æртæ чызджы схызтысты уæлахиздзауы пьедесталмæ, Гæбæраты Эдуард та райста сæрмагонд приз "Уæлахизмæ тырнынад". Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта уæлдæр спортивон дæсниады скъолайы сæйраг тренер теннисæй Джиоты Мириан.

Хуссарирыстойнаг теннисисттæ æмæ тренертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг теннисисттæ рамбылдтой Абхазы турнир

Цæгат Ирыстоны уæлыстол теннисы фыццагады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æхсæз цхинвайлаг спортсмены бацыдысты республикæйы æмбырдгонды скондмæ. Уыдон æрбалæугæ азæй Цæгат Кавказы æмвæзады ерысты хъазхъхъæндзысты Цæгат Ирыстоны спортивон кад.

"Плиты Аланæ 2007 азы гуырд спортсменты ʻхсæн ссис уæлахиздзау, Козаты Милена ссис призер. Турниры уагæвæрдмæ гæсгæ, 2002-2005 æзты гуырд спортсментæ архайдтой иумæ, уымæ гæсгæ нæ спортсменкæ Кокойты Аманда, кæцы у Цæгат Ирыстоны фыццаг æмæ Цæгат Кавказы фæндзæм ракеткæ, бацахста æрмæстдæр æртыккаг бынат", — радзырдта тренер.

Джиоты Мириан ма радзырдта, йæ хъомылгæнинаг Гæбæраты Эдуарды та кæй рахицæн кодтой сæрмагонд приз "Уæлахизмæ тырнынад"-æй.

"Гæбæраты Эдуард, уæлахиздзау, призертæ æмæ ма ноджы Джиголаты Диана æмæ Лана — æдæппæтæй 6 адæймаджы — сæ хорз ралæудты фæрцы бацыдысты Цæгат Иры æмбырдгонды скондмæ", — бафтыдта уый.

Фæсивæды бацæттæ кодтой тренертæ Джиоты Мириан, Остъаты Лидия æмæ Уалыты Ирина. Фыццагдмæ цæттæгæнæн куыстæн æххуыс кодта Гуырдзыстоны советон республикæйы чемпион теннисæй Максим Ведмедеря.

Сывæллæтты ерыстæм арвитынæн баххуыс кодтой парти "Иугонд Ирыстоны" сæрдар Тадтаты Алан, парламенты спикер Гасситы Петр æмæ теннисист Мæргъиты Олег.

Ног хабӕртты лентӕ
0