Дыууæ цхинвайлаг богал рамбылдтой ерыстæ Цæгат Иры

© Sputnik / Фатима ПлиеваДыууæ цхинвайлаг богал рамбылдтой ерыстæ Цæгат Иры
Дыууæ цхинвайлаг богал рамбылдтой ерыстæ Цæгат Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæгъиаты Сослан æмæ Тыджыты Анатолий рамбылдтой уæгъдибар хъæбысхæсты турнир æмæ бацыдысты Цæгат Иры 60 тыхджындæр богалты номхыгъдмæ

ЦХИНВАЛ, 11 фев — Sputnik. Плиты Фатимæ. Цæгат Ирыстоны Октябрскæйы уагъд цæуæг уæгъдибар хъæбысхæсты турниры дыууæ цхинвайлаг богал рамбылдтой сыгъзæрин майдантæ, фехъусын кодта Sputnik сæ тренер Коцты Тамерлан.

Турнир æрæмбырд кодта 300 адæймаджы, уыдонæй 60 тыхджындæры раразмæгонд æрцæудзысты ЦКФЗ ерыстæм

"Ерысты Дзæгъиаты Сослан 92 кг уæзы бацахста фыццаг бынат æмæ йæ æмсекцион Тыджыты Анатолий та уæлахиздзау ссис 110 кг уæзы, дыккаг лæппу фыццаг хатт уыд фæсарæнты ерысты", - загъта тренер.

Цæгат Ирыстоны æппæтреспубликон спортивон мадзалы хатдзæгтæм гæсгæ конд фæцæуы Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты чи архайдзæн, ахæм иугонд командæ, 60 адæймагæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0