"Æнхъæл сæ нæ уыдыстæм": Хуссар Иры боксертæ рамбылдтой дæс сызгъæрины Минводты

© Из архива тренера А. ДзигоеваХуссар Иры боксертæ рамбылдтой дæс сызгъæрин Минводты
Хуссар Иры боксертæ рамбылдтой дæс сызгъæрин Минводты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Минводты гом фыццагады майдантыл стох кодтой æмткæй 22 боксеры - республикæйы боксы алкæцы секциты хъомылгæнинæгтæ дæр

ЦХИНВАЛ, 16 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг боксерты æмбырдгонд командæ рамбылдта дæс сызгъæрин майданы Минводты гом фыццагады. Уыдонæй фондз райстой хистæр къорд, аннæ хай та кæстæртæ, фехъусын кодта Sputnik боксы тренер Дзигойты Ацæмæз.

Хуссар Иры боксертæ рамбылдтой фараст сызгъæрин майдан Минводты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры боксертæ рамбылдтой фараст сызгъæрин майданы Минводты

Минводты гом фыццагады майдантыл стох кодтой æмткæй 25 боксеры - республикæйы боксы алкæцы секциты хъомылгæнинæгтæ дæр.

"Хуыцаубоны балхынцъ сты ерыстæ Минводты, кæстæр къорды (2010-2011) æнтыст сфæлхат кодтой хистæртæ дæр. Сабаты фондз фыццаг бынаты райстой кæстæртæ, хуыцаубоны ахæм хатдзæгтимæ ерыстæ фесты 2008-2009 азы гуырд спортсментæ. Ӕмткæй командæйы хыгъды ис дæс фыццаг бынаты æмæ фондз та дыккаг", - загъта Дзигойты Ацæмæз.

Тренер ма банысан кодта, ацы хатт сæ командæйы боксертæ уыдысты æвæлтæрд.

"Сæ фылдæрæн ацы майдантæ сты сæ спортивон царды фыццыг хорзæхтæ. Иттæг хорз тох кодтой, æнхъæл дæр сæ бирæтæй нæ уыдыстæм", - бафтыдта уый.

Хуссар Ирæй раразмæгонд æмбырдгонд командæйы сконды уыдысты тренертæ: Дзигойты Ацæмæз, Тедеты Александр, Куымæридтаты Родион æмæ Лолоты Александры хъомылгæнинæгтæ.

© Из архива тренера А. ДзигоеваХуссар Иры боксертæ рамбылдтой дæс сызгъæрины Минводты
Æнхъæл сæ нæ уыдыстæм: Хуссар Иры боксертæ рамбылдтой дæс сызгъæрины Минводты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры боксертæ рамбылдтой дæс сызгъæрины Минводты
Ног хабӕртты лентӕ
0