Гасситы Мурӕты тох аивтой коронавирусы тыххӕй

© Sputnik / Евгения Новоженина /  Ахизын медиабанкмæГасситы Мурӕт
Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕппӕт дунейы аивтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ коронавирусы пандемийы тыххӕй. Тренер Сланты Виталий радзырдта, куыд фехӕлдта СOVID-19-ы апарахат ирон боксерты нывӕзтытӕ

ЦХИНВАЛ, 23 мар – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Ирон боксер Гасситы Мурӕты дебют суперуӕззау уӕзы аргъӕвтой коронавирусы тыххӕй. Гаситы Мурӕты тох хъуамӕ ацыдаид 25 апрелы, фехъусын кодта Sputnik УФ сгуыхт тренер Сланты Виталий.

 Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Информацион фæрæзтæ базыдтой Гасситы Мурӕты фидӕны тохы датӕ

Ирон боксеры фыццаг тох суперуӕззау уӕзы бирӕ хатт аргъӕвтой алыгъуызон аххосӕгты тыххӕй, сӕ нымӕцы спортсмены травмӕ.

WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ дунейы раздӕры чемпион Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинӕйаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарызтой операци йӕ уӕхскыл.

Амӕйразмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы спорты министрад рахаста скъуыддзаг 16 мартӕй аивын Уӕрӕсейы территорийыл ӕппӕт ӕхсӕнадӕмон спортивон мадзӕлттӕ. Коронавирусы пандемийы тыххӕй аивтой Федор Чудинов ӕмӕ Айзек Чилембайы тох, кӕцы хъуамӕ ацыдаид турнир "Лига ставок. Битва на Кавказе"-йы фӕлгӕтты Цӕгат Ирыстоны 21 марты. Ацы турниры хъуамӕ архайдтаид боксы рӕзгӕ стъалы Хуыгаты Алан.

"Мах нӕхӕдӕг дӕр нӕ зонӕм, кӕд ауадздзысты ацы тохтӕ, фӕлӕ нӕ уырны, дыууӕ мӕйы фӕстӕ кӕй ацӕудзысты", - загъта Сланты Виталий.

Афтӕ ма, Уӕрӕсейы столицӕйы хъуамӕ ацыдаид перспективон ирон боксер Тыбылты Аликы тох ӕмӕ Къудухты Артуры дебют, фӕлӕ ацы тохтӕ дӕр аргъӕвстой.

Коронавирусӕй рынчынты нымӕц у 340 мин адӕймаджы 181 бӕстӕйы. Сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 14 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0