Информацион фæрæзтæ базыдтой Гасситы Мурӕты фидӕны тохы датӕ

© Пресс-служба Федерации бокса России Гасситы Мурӕт
 Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дунейы раздӕры чемпионы дебют суперуӕззау уӕзы дыууӕ хатты аивтой, фӕлӕ инсайдерты уырны, тох тагъд рӕстӕджы кӕй ацæудзӕн

ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik. Дунейы раздӕры чемпион IBF ӕмӕ WBA верситӕм гӕсгӕ Гасситы Мурӕт гӕнӕн ис ауадза йӕ фыццаг тох суперуӕззау уӕзы 3 апрелы. Ахӕм информаци ныммыхуыр кодта MMABoxing.ru инсайдертыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт нӕ ауадздзӕн йӕ дебютон тох Америкӕйы

Дзыллон информацион фӕрӕзты (ДИФ) куыд нысан кӕнынц, афтӕмӕй ирон боксеры дебют ацӕудзӕн горӕт Сочийы. Гасситы Мурӕты фидӕны ныхмӕлӕууӕг нырма бӕрӕг нӕу.

WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ дунейы экс-чемпион фыццаг уӕззау уӕзы Гасситы Мурӕт фарон апрелы ахызт суперуӕззау уӕзмӕ, фӕлӕ тренировкӕты рӕстӕджы райсгӕ травмӕты фӕстиуӕгӕн нал ауагъта тох Джоуи Давейкоимӕ, кӕцы хъуамӕ ацыдаид 27 июлы АИШ-ы. Февралы райдайӕны Эдди Херны Matchroom Boxing фехъусын кодта, Гасситы Мурӕт цӕттӕ кӕй у рахизын тохмӕ америкӕйаг Джерри Форресты ныхмӕ Майки Гарсия ӕмӕ Джесси Варгасы андеркарды. Фӕлӕ боксерӕн фӕзынд проблемӕтӕ спарринг-партнертӕ ссарынимӕ, уый фӕдыл дебют суперуӕззау уӕзы аргъӕвтой.

Ирон боксер Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинӕйаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарызтой операци йӕ уӕхскыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0