Ирыстойнаг спортсменкæ ссис Уæрæсейы уæлахиздзау каратэйæ

© 15-Й РЕГИОНКоцты Аланæ рамбылдта сыгъзæрин майдан Уæрæсейы чемпионаты каратэйæ
Коцты Аланæ рамбылдта сыгъзæрин майдан Уæрæсейы чемпионаты каратэйæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнир ацыд Екатеринбурджы, уый уыд Европæйы чемпионат æмæ Олимпиаг хъæзтытæм квалификацион турнирмæ æвзарæн этап

ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Ирон спортсменкæ Коцты Аланæ рамбылдта сыгъзæрин майдан Уæрæсейы чемпионаты каратэйæ, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ.

Турнир цыд Екатеринбурджы, ирон спорсменкæ ралæууыд 61уæзы категорийы.

"Фыццах тохы Кочты чызг рамбылдта Анастасия Потеминайы Пензæйæ 4-2 хыгъдæй, дыккаджы æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз Ксения Петраковайыл (8:0). Полина Горецкаяйы  рамбылдта æрдæгфиналы, финалы та 5:0 хыгхдæй фæуæлагъиз Анна Родинайыл", - дзырдæуы хъусинаджы.

Спортсменкæйы тренер Саухалты Аланы ныхæстæм гæсгæ, чызгныр дыккаг аз фæд-фæдыл свæййы Уæрæсейы чемпионкæолимпиаг уæзы категорийы. Уый бафиппайдта, турнир кæй уыд Европæйы чемпионат æмæ Олимпиаг хъæзтытæм квалификацион турнирмæ æвзарæн этап.

Ног хабӕртты лентӕ
0