Ирыстойнаг каратисттӕ рамбылдтой 23 хорзӕхы Кӕсӕг-Балхъары турниры

© Пресс-служба Минспорта Северной ОсетииИрыстойнаг каратисттӕ рамбылдтой 23 хорзӕхы Кӕсӕг-Балхъары турниры
Ирыстойнаг каратисттӕ рамбылдтой 23 хорзӕхы Кӕсӕг-Балхъары турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.10.2021
Рафыссын
Ӕхсӕнрегионалон турниры хайад райстой 320 спортсмены 8-17 азы кары
ЦХИНВАЛ, 13 окт – Sputnik. Цӕгатирыстойнаг каратисттӕ ӕнтыстджын архайд скодтой ӕхсӕнрегионалон турниры Кӕсӕг-Балхъары ӕмӕ рамбылдтой 23 хорзӕхы. Командон бахыгъды республикӕйы командӕ бацахста дыккаг бынат, хъусын кӕны республикӕйы спорты министрады пресс-службӕ.
Тедеты Дзамболат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.10.2021
Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд ссис цыппӕрӕм хъӕбысхӕстӕй дунейы чемпионаты майданон бахыгъды
Ирон спортсментӕ рамбылдтой ӕхсӕз сыгъзӕрин, цыппар ӕвзист ӕмӕ ӕртындӕс бронзӕйон майданы.
Уӕлахиздзаутӕ ссисты Гуыцмӕзты Николай, Гӕджиты Снежана, Цораты Илина, Гаглойты Аминат, Маргарита Карепова ӕмӕ Къодоты Николь.
Дыккаг бынат бацахстой Гаглойты Сӕрмӕт, Гуссалты Сӕрмӕт, Алина Лель ӕмӕ Морготы Амина.
Кады пьедесталы ӕртыккаг къӕпхӕнмӕ схызтысты Гуырциаты Аланис, Мзокты Давид, Кокойты Давид, Бестауты Наталья, Туаты Кира, Челдыты Елена, Калоты Кира, Дауеты Аманда, Джиоты Елизавета, Керткойты Амина, Гуцаты Лана, Бестауты Элина ӕмӕ Бораты Амина.
Ног хабӕртты лентӕ
0