Нар-Гуфта-Цхинвал. Маргъы атахты бæрзæндæй

Рафыссын
Sputnik Хуссар Ирыстоны колумнист Гасситы Михаил туризмы фæдыл цымыдисон цаутæй дарддæр аразы цымыдисон видео иллюстрацитæ дӕр.

Рæсугъд æмæ æнцон базонгæ маршрут Цæгатæй Хуссар Ирыстонмæ ист æрцыд дроны фæрцы. Маргъы атахты бæрзæндæй ист видеойыл зыны ирон литературæйы бындурæвæрæг хетæгкаты Къостайы райгуырæн хъæу, йæ хæдзар-музей æмæ цырт. Дарддæр камерæ атахт Гуфтайы хидыл — цæугæдæттæ Стыр Леуахи æмæ Паца кæм иу кæнынц, уыцы бынаты сӕрты. Хиды бæрзонд у 72 метры, арæзт æрцыд 1929 азы æмæ нымад у Хуссар Ирыстоны историкон фенддаг бынатыл.

Видеоиллюстрацийы кæройнаг пункт ссис аргъуанон фæзуат Цхинвалы, Сыгъдæг Мады Майрæмы аргъуаны æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты обелискы сӕртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0