00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Хуссар Ирыстоны банысан кӕндзысты Уӕрӕсейы бон

© Sputnik / АдаБагианЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы бон Хуссар Ирыстоны банысан кӕндзысты официалон мадзӕлттӕ, концерттӕ ӕмӕ равдыстытӕй.

ЦХИНВАЛ, 10 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы Боны12 июны Цхинвалы УФ-йы минӕварады уагъд ӕрцӕудзӕн цытджын мадзал, фехъусын кодтой Sputnik президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны нысан кӕнынц Уӕрӕсейы бон. Ацы бӕрӕгбон республикӕйы нысан цӕуы ныр дӕсӕм хатт. РХИ-йы президенты уынаффӕмӕ гӕсгӕ 2005 азы уый хаст ӕрцыд бӕрӕгбӕтты къӕлиндармӕ ӕмӕ у улӕфты бон.

"Уыйы бон Уӕрӕсейы минӕварады Хуссар Ирыстоны уагъд ӕрцӕудзӕн цытджын мадзал. Уӕрӕсейы бон ма банысан кӕндзысты 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы Цхинвалы, ам бӕрӕгбоны цытӕн бакӕндзысты аивадон равдыст", — загътой пресс-службӕйы.

Афтӕ ма киноконцертон зал "Чермен"-ы уагъд ӕрцӕудзӕн Уырыссаг зарӕджы академион хор "Славяйнаг зӕрдтытӕ" — йы концерт.

Уӕрӕсейы бон ӕрвылаз дӕр нысангонд цӕуы 12 июны — ацы бон ист ӕрцыд РСФСР паддзахадон суверенитеты тыххӕй Деклораци.

Ног хабӕртты лентӕ
0