Хӕларадон матч "Спартак" - "Автодор" фӕцис 2:2 хыгъдӕй

© Sputnik / Ада БагианХӕларадон матч Цхинвалы
Хӕларадон матч Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы боны цытӕн дыууӕ ирон футболон клубы тох фӕцис ӕмдыхӕй.

ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik. Футболон командӕтæ "Спартак-Цхинвал" ӕмӕ "Автодор-Дзӕуджыхъӕу"-ы хӕларадон хъазт Цхинвалы ахицӕн 2:2 хыгъдӕй, фехъусын кодта Sputnik хуссарирыстойнаг командӕйы тренер Джиджджойты Алан.

Спартак ӕмӕ Автодор  фембӕлдзысты Цхинвалы хӕларадон матчы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Спартак" ӕмӕ "Автодор" фембӕлдзысты Цхинвалы хӕларадон матчы

Республикӕ расидыныл 25 азы сӕххӕсты цытӕн Цхинвалы ацыд хӕларадон матч "Спартак-Цхинвал" ӕмӕ "Автодор-Дзӕуджыхъӕу"-ы 'хсӕн.

"Хӕларадон фембӕлды рӕстӕджы футболистӕ иууылдӕр активонӕй тырныдтой уӕлахизмӕ. Къацты Алан ӕмӕ Къобаладзе Гогайӕн бантыст фӕйнӕ пурти бакъуырын ныхмӕлӕууӕг командӕйы къулдуӕртты. Цӕгат Ирӕн дӕр хъазыд цӕттӕ футболисттӕ. Уымӕ гӕсгӕ, тох фӕцис ӕмдыхӕй", — загъта Джиджджойты Алан.

Уый ма банысан кодта, кӕй сын бантыст аккаг футболисттӕ схъомыл кӕнын, уыдонӕй дыууӕйӕ ныр хъахъхъӕнынц футболон клуб "Алания"-йы спортивон кад.

"Спартак-Цхинвал" фӕстаг рӕстӕджы архайы ӕнтыстджынӕй. Ӕрӕджы йын бантыст Мӕздӕджы футболон командӕ 5:1 хыгъдӕй рамбулын. "Спартак-Цхинвал"-ы сконды ис 25 футболисты, уыдонӕй 11 сты сӕйраг хъазджытӕ. Клубӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 1931 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0