Æрыгон дзæуджыхъæуккаг волейболисткæтæ ссисты Хуссар Иры цæуæг турниры уæлахиздзаутæ

Æхсæнадæмон турнир волейболæй Хуссар Ирыстоны
Æхсæнадæмон турнир волейболæй Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æхсæнадæмон турнир волейболæй фыццаг хатт уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны æмæ нывонд уыд республикæйыл 25 азы сæххæсты бонмæ. Ерысты хайад райстой 60 спортсменкæйы Хуссар æмæ Цæгат Ирæй, Мæскуыйæ æмæ Ростовы областæй.

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Дзæуджыхъæуккаг командæ "Амонд" бацахста фыццаг бынат чызджыты æхсæн Æхсæнадæмон турниры волейболæй, кæцы фыццаг хатт ацыд Хуссар Ирыстоны, республикæйыл 25 азы сæххæсты цытæн, фехъусын кодта Sputnik сывæллæтты республикон спортивон скъолайы тренер Гатыгкоты Алик.

Цхинвалмæ ерыстæм æрцыдысты командæтæ Цæгат Ирæй, Мæскуыйæ æмæ Ростовы областæй. Турниры хайад райстой 1999-2000 азты гуырд 60 спортсменкæйы.

Фыццаг хатт Хуссар Иры уагъд цӕуы Ӕхсӕнадӕмон турнир волейболӕй

Тренеры ныхæстæм гæсгæ, дыккаг бынат бацахста команда "Алания" Мæздæгæй (Цæгат Ирыстон) æмæ æртыккаг бынат та — мæскуыйаг волейболисткæтæ.

Турниры хуыздæр хайадисджытыл нымад æрцыдысты Джиоты Амага (команда "Амонд"), хусарирыстойнаг Хъуылымбегты Анна æмæ дзæуджыхъæуккаг Тотаты Валерия.

Ерысты призертæ хорзæхджын æрцыдысты турниры кубоктæй, хуыздæр хайадисджытæ та сæрмагонд призтæй.

Турниры организатор уыд РХИ-йы спорт, туризм æмæ фæсивæдон политикæйы комитет. Ерыстæ цыдысты æртæ боны дæргъы Цхинвалы, сывæллæтты республикон спортивон скъолайы.

Ног хабӕртты лентӕ
0