Диаспорӕйы уӕнг: зын зӕгъӕн у, куыд уыдзӕн сирийаг ирӕтты хъысмӕт

© Sputnik / Дмитрий Виноградов /  Ахизын медиабанкмæСирия
Сирия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕстӕфхӕрд Сирийы ныридӕгӕн цӕрынц дыууӕ минӕй фылдӕр ироны, уыдон хъысмӕт куыд аскъуыддзаг уыдзӕн, уый нырма зын зӕгъӕн у, загъта ирон диаспорӕйы минӕвар Джабах Кабло.

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik. Сирийы уӕвӕг ирон диаспорӕйы уӕнгты нымӕц ӕрмӕстдӕр чысылбӕрцӕй фӕкъаддӕр мидхӕсты райдайӕнӕй, фехъусын кодта майрӕмбоны Sputnik Дамаскӕй телефонӕй Сирийы ӕмбӕстаг ирон, Дамаскаг университеты профессор Джабах Кабло.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, диаспорӕйы иу чысыл хай алыгъд Европӕмӕ мидхӕсты фыдӕбӕттӕй фервӕзыны ӕнхъӕл, фӕлӕ дыууӕ минӕй фылдӕр ироны, раздӕрау, цӕрынц Сирийы.

"Нӕ зонын, Сирийы уавӕр куыд уыдзӕн дарддӕр, фӕлӕ ныртӕккӕ тынг ӕндыгъд у. Ам хӕцынц ӕппӕт дунейы адӕм. Зын зӕгъӕн у, диаспорӕйы дарддӕры хъысмӕт куыд уыдзӕн, фӕлӕ уал нырма цӕрӕм, иннӕ адӕм куыд цӕрынц, афтӕ", — загъта Кабло.

Уый ма банысан кодта, сирийаг ирӕттӕ цалдӕр азы размӕ кӕй уыдысты Цӕгат Ирыстоны, цыран республикӕйы къухдариуӕгадимӕ ӕрдзырдтой фӕстӕмӕ сӕ фыдӕлты зӕхмӕ ӕрыздӕхыны фарстытыл. Фӕлӕ сыл Дзӕуджыхъӕуы зӕрдиагӕй нӕ сӕмбӕлдысты.

"Хъыгагӕн, сирийаг ирӕттӕм Дзӕуджыхъӕуы уыд уазал ахаст, ницы ӕххуыс сын баныфс ӕвӕрдтой", — бафтыдта йӕ ныхӕстӕм Джабах Кабло.

Уый ма куыд радзырдта, афтӕмӕй Дамаскы иугъызон ахаст нӕ равдыстой, Уӕрӕсейы авиаци кӕй райдыдта "Пысылмон Паддзахады" (ИГ) бомбардировкӕ, уыцы хабармӕ.

Федерацийы Совет бар радта уӕрӕсейаг ӕфсадӕй Сирийы спайда кӕнын

"Иутӕ нымайынц хорзыл, Уӕрӕсе кӕй бацыд хъаугъайы зонӕмӕ, иннӕтӕ та нымайынц, УФ кӕй фӕфӕстиат ис, раздӕр ӕй къӕй хъуыд бацӕуын Сиримӕ. Аннӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыцы хабар уавӕр фӕкарздӕр кӕндзӕн. Иудзырдӕй, нырма бӕлвыдӕй ницы зӕгъӕн ис", — загъта профессор.

Кабло ма банысан кодта, Дамаскы ӕмӕ бӕстӕйы фылдӕр хайы "Пысылмон Паддзахадмӕ" ӕппӕрццаг ахаст кӕй ис. Цӕрджытӕ нымайынц, ацы организаци дард кӕй у пысылмон динӕй дӕр ӕмӕ ӕппӕт адӕмон хӕрзиуджытӕй дӕр.

Кабло ма ноджыдӕр фехъусын кодта, Дамаскы, кӕм цӕры, уым хӕстон архӕйдтытӕ кӕй нӕ ис, фӕлӕ ӕрвылбон дӕр хъусынц хӕсты гӕрӕхтӕ горӕтгӕрӕтты. Хӕстмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, банысан кодта уый, Дамаскаг университеты уагъд цӕуы ахуырадон процесс, ӕмӕ Джабах Кабло ӕрвылбон дӕр уадзы лекцитӕ. Уый Дамаскы цӕры йӕ бинонтимӕ — йе ‘мкъай ӕмӕ ӕртӕ сывӕллонимӕ. Фӕлӕ Джабахӕн йе ‘фсымӕртӕ алыгъдысты Европӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0