Ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ ссисты дунейон ӕфсӕддон ерысты уӕлахиздзаутӕ

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæИрон хъӕбысӕйхӕцджытӕ ссисты дунейон ӕфсӕддон ерысты уӕлахиздзаутӕ
Ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ ссисты дунейон ӕфсӕддон ерысты уӕлахиздзаутӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон спортсментӕ дунеон ерысты архайдтой Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд командӕйы сконды. Ӕдӕппӕтӕй УФ ӕмбырдгонды ис аст спортсмены, уыдонӕй фондз сты ирӕттӕ.

ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Дунейон ӕфсӕддон ерысты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй дыууӕ ирон богал Гацалты Хаджимурӕт ӕмӕ Цӕболты Хетӕг ссисты ерысты уӕлахиздзаутӕ, хъусын кӕны Осетия Times.

Ирон спортсментӕ дунеон ерысты архайдтой Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд командӕйы сконды. Ӕдӕппӕтӕй УФ ӕмбырдгонды ис аст спортсмены, уыдонӕй фондз сты ирӕттӕ.

Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ерыстӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд баххӕст кодтой фондз ирон богалы

"74 килограммы уӕзы дунейы чемпион Цӕболты Хетӕг ӕмӕ дунейы фондз хатты чемпион Гацалты Хаджимурӕт рамбылдтой радон уӕлахизтӕ. Хъыгагӕн, иннӕ ирон богал Тускъаты Азӕмӕт фӕхӕрд ис ӕмӕ майдан йӕ къухы нӕ бафтыд", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ӕртыццӕджы ма ерысты тох цӕудзӕн ноджы цыппар уӕзы категориты.

VI-ӕм дунейон ӕфсӕддон ерысты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Уӕрӕсейы спортивон кад хъахъхъӕнынц Рӕмонты Сослан, Гацалты Хаджимурӕт, Тускъаты Азӕмӕт, Байцаты Владислав ӕмӕ Цӕболты Хетӕг. Ерыстӕ уагъд цӕудзысты 13 октябрмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0