00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Ирон эфир
08:00
4 Мин
Ирон эфир
08:30
4 Мин
Ирон эфир
09:00
4 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
О главном на Спутнике
09:57
3 Мин
Главные темы
12:00
4 Мин
Главные темы
12:30
4 Мин
Новости
17:00
4 Мин
Новости
17:30
3 Мин
В центре событий
В Южной Осетии приступили к реализации инвестпрограммы-2026
18:01
2 Мин
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:41
19 Мин
Главыне темы
12:00
3 Мин
Главыне темы
12:30
3 Мин
В центре событий
ЛНР полностью освобождена
17:04
0 Мин
В центре событий
В Южной Осетии готовятся к президентскому конкурсу биографических сочинений
17:05
7 Мин
On air
17:34
30 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Цӕрджыты сфысты фыццаг бон волонтертӕ бабӕрӕг кодтой 850 цӕрӕнуат

© Sputnik / Ада БагианЦӕрджыты иумӕйаг сфыст Хуссар Ирыстоны
Цӕрджыты иумӕйаг сфыст Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы цыппӕрӕмы райдыдта Хуссар Ирыстоны ног историйы цӕрджыты фыццаг иумӕйаг сфыст. Йӕ бындурон хай уагъд цӕудзӕн 15-30 октябры.

ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрджыты иумӕйаг сфысты фыццаг бон сфыстуадзджытӕ бабӕрӕг кодтой 850 цӕрӕнуат ӕмӕ 3100 адӕймагӕй фылдӕры, фӕхъусын кодта Sputnik Статуправленийы сӕргълӕууӕг Тыбылты Инал.

Республикӕйы цыппӕрӕмы райдыдта Хуссар Ирыстоны ног историйы цӕрджыты фыццаг иумӕйаг сфыст. Йӕ бындурон хай уагъд цӕудзӕн 15-30 октябры. Сфысты фыццаг хайадисӕг уыд президент Тыбылты Леонид.

Хуссар Ирыстоны райдыдта цӕрджыты иумӕйаг сфыст

"Ӕппӕт республикӕйы сфыстуадзджытӕ райстой бӕрӕггӕнӕнтӕ 850 цӕрӕнуат ӕмӕ 3100 ӕмбӕстагӕй. Уый та у развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнты 7,5%", — загъта Тыбылты Инал.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сфысты фыццаг бон ацыд активонӕй, сфыстуадзджытыл алы хӕдзары дӕр ӕмбӕлынц узӕлгӕйӕ.

"Куыд Цхинвалы, афтӕ районты цӕрджытӕ дӕр тынг ӕхсызгонӕй ӕмбӕлынц нӕ кусджытыл ӕмӕ ацы ахсджиаг мадзалы исынц активон хайад", — банысан кодта Статуправленийы сӕргълӕууӕг.

Тыбылты Инал ма куыд загъта, афтӕмӕй сфыстуадзӕг хӕдзары куы никӕй баййафы, уӕд ныууадзы йӕ контакттӕ, цӕмӕй йӕм цӕрджытӕ фӕдзурой ӕмӕ ма сӕм иу хатт ӕрбацӕуа.

Бӕстондӕр информаци сфыст уадзыны тыххӕй ссардзыстут Статуправленийы сайтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0