Парти "Ныхас": Хуссар Иры хъӕуы ӕнусон цӕдис Уӕрӕсеимӕ

© Sputnik / Мария КотаеваПарти "Ныхас"
Парти Ныхас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Ныхас"-ы нымайынц, Хуссар Ирыстоны референдум барадон бындур кӕй ӕрӕвӕрдзӕн Уӕрӕсейы Федерацийы скондмӕ бацӕуынӕн.

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik. Парламентон парти "Ныхас" фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны ӕнӕмӕнгхъӕуӕг кӕй у Уӕрӕсеимӕ ӕнусон цӕдис сфидар кӕнын ӕмӕ ирон адӕмы баиу кӕнын.

Президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид раразмӕ кодта УФ-йы скондмӕ бацӕуыны фӕдыл референдум ауадзыны хъуыды

Парти къуырисӕры апарахат кодта официалон хъусынгӕнинаг, цыран балӕууыд Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны тыххӕй референдум ауадзыны фӕдыл РХИ президенты хъӕппӕрисы фарс.

"Уый у нӕ адӕмы ӕдасдзинады цъынды бирӕ ӕнустӕм ӕмӕ йӕ размӕцыды бындур ӕппӕт агрессортӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ ", — уырны партийы уӕнгты.

Хъусынгӕнинаджы автортӕ не ‘нхъӕлмӕ кӕсынц, баиу кӕныны фарст тагъд рӕстӕджы кӕй аскъуыддзаг уыдзӕн, Уӕрӕсейы алыварс дунейы политикон уавӕр хынцгӕйӕ.

"Фидарӕй нӕ уырны, референдум ауадзын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг кӕй у — уый сараздзӕн Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуынӕн барадон бындур. Мах хъуамӕ цӕттӕ уӕм ацы историон къахдзӕф саразынмӕ ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм фадаты фӕзындмӕ", — банысан кодтой партийы.

Парти сиды ӕхсӕнадмӕ, цӕмӕй балӕууой референдум ауадзыны фарс.

Ног хабӕртты лентӕ
0