ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik. Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей цæуы йæ куыстӕй, хъусын кæны 15 регион.
Ацы хъуыддаг Дзантиаты Сергей аскъуыддзаг кодта "республикæйы сæргълæууæджы прерогативæйы фæстиуæгæн".
"Хъыгагæн, цыппар азы нæ уыдтæн отпускы, æмæ ныр аскуыддзаг кодтон отпускы ацæуын, уый фæстæ та хъуыддæгтæ адæтдзæн хæстæ æххæстгæнджытæм. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ивындзинӕдтӕ хъуамæ æрцæуой цадæггай. Уый у республикæйы сæргълæууæджы прерогативæ, кæцыимæ сразы дæн. Иу кæнæ иннæ бынаты кусын афтæ ахсджиаг нæу, сæйрагдæр у республикæйы, горæты, æхсæнады хæрзиуæгæн кусын", — загъта горæты мэр.
Бынæттон администрацийы хæстæ æххæстгæнджытæм хъуыддæгтæ лæвæрд æрцæудзысты, Дзантиаты Сергей отпускæй куы раздæха, уый фæстæ цалдæр боны æмгъуыдмæ. Азы кæронмæ та нысан æрцæудзæн администрацийы сæргълæууæджы бынатмæ конкурс.