Уыдонӕй иууыл ӕныстджындӕртӕ разындысты Цхинвалы районы гореттаг барджытӕ. Куыдзеты Реуаз райста фыццаг бынат, Туаты Алан та — дыккаг. Уӕлахиздзауты номхыгъд баххӕст кодта църуйаг лӕппу Гӕззаты Вадим дӕр, йӕ къухы бафтыд ӕрысты ӕртыккаг бынат.
Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ хайадисджытӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты кубоктӕ, дипломтӕ, ӕхцайы премитӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй.
Бӕхты дугъты организатор Къӕбулты Ренаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзал арӕзт ӕрцыд йӕ зынгхуыст фыд Хъазбег ӕмӕ ӕфсымӕр Юрийы рухс нӕмттӕ ссарыны нысанӕн.

1/16
© Sputnik / Ада Багиан
Дугъты уӕлахиздзау ссис Гореты хъӕуы цӕрӕг Куыдзеты Реуаз

2/16
© Sputnik / Ада Багиан
Дугъы размӕ барӕг йӕ бӕхӕн дзуры фӕстаг ныстуан

3/16
© Sputnik / Ада Багиан
Мадзалы хайад райстой республикӕйы алы районы минӕвӕрттӕ дӕр

4/16
© Sputnik / Ада Багиан
Барджытӕн сӕ цыппаркъахон ӕмбӕлттӕм ис аудгӕ ахаст – цӕмӕй бӕх ма бафӕллайа, уый тыххӕй йӕ ӕрластой машинӕйыл

5/16
© Sputnik / Ада Багиан
Дугъты хайад истой хӕрзӕвзонг лӕппутӕ, фӕлӕ, кармӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, сӕхи равдыстой фӕлтӕрд барджытӕй

6/16
© Sputnik / Ада Багиан
Уӕлдай стырдӕр циндзинад мадзал ӕрхаста чысыл сабитӕн

7/16
© Sputnik / Ада Багиан
Фӕзилӕнӕй разындысты фыццаг цыппар барӕджы

8/16
© Sputnik / Ада Багиан
Дугътӕ, ӕвзӕр боныгъӕдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, Джеры къуылдыммӕ ӕрӕмбыд кодтой сӕдӕгай адӕймӕгты

9/16
© Sputnik / Ада Багиан
Рамбулынӕн хъӕуы фидар бӕх ӕмӕ фӕлтӕрд барӕг

10/16
© Sputnik / Ада Багиан
Бӕхты дугътӕ Хуссар Ирыстоны организацигонд цӕуыц фермерон хӕдзарад "Сидуг"-ы тыхтӕй

11/16
© Sputnik / Ада Багиан
Чи йӕ бӕхы фӕлвӕрдта дугъы, чи та ссыд барджыты тохтӕм бакӕсынмӕ

12/16
© Sputnik / Ада Багиан
Ӕвзонг барӕг ӕмӕ йӕ бӕх ӕвдисынц сӕ дӕсниад

13/16
© Sputnik / Ада Багиан
Барджытӕ сӕ дугъ райдыдтой Джеры комы Сау дзуармӕ хӕстӕг ӕртӕ километры дистанцийыл

14/16
© Sputnik / Ада Багиан
Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр

15/16
© Sputnik / Ада Багиан
Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ хайадисджытӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты кубоктӕ, дипломтӕ, ӕхцайы премитӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй

16/16
© Sputnik / Ада Багиан
Мадзалы организатор Къӕбулты Ренат схорзӕхджын кодта уӕлахиздзауты