Дзантиаты Сергей администрацийы аппаратæн базонгæ кодта мэры хæстæ æххæстгæнæджы

© Сайт СКФОМэры хæстæ æххæстгæнæг Албегты Борис
Мэры хæстæ æххæстгæнæг Албегты Борис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуы мэрияйы рабадтыты залы уагъд æрцыд уæрæх æмбырд администрацийы структурон дæлхæйттимæ, цыран Дзантиаты Сергей бавдыста Дзæуджыхъæуы бынæттон хæдразамынады сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Албегты Борисы.

ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik. Дзантиаты Сергей администрацийы аппаратæн базонгæ кодта мэры хæстæ æххæстгæнæг Албегты Борисы, хъусын кæны 15 регион.

Раздæр Албегты Борис лæууыд Цæгат Ирыстоны транспортон æмæ сæудæджерадон политикæйы министрады сæргъ. Горæты администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæгæй йæ снысан кодтой республикæйы сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерланы уынаффæмæ гæсгæ.

Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы мэр Дзантиаты Сергей цæуы йæ куыстӕй

"Алгоритм снысан кодта республикæйы сæргълæууæг — æвæстиатæй хъæуы æрæвналын горæттаг хæдзарадмæ, цæмæй горæты цæрджытæ сæхи æнкъарой æдас æмæ æнцойуат. Уый тыххæй мах араздзыстæм æппæтдæр. Горæттаг думæимæ æнгом æмгуыстады фæрцы мах бакусдзыстæм бæрæг эффективон структурæйыл. Мæ хъуыдымæ гæсгæ нын бантысдзæн нæ горæты бакаст фæхуыздæр кæнын", — банысан кодта Албегты Борис.

Дзантиаты Сергей банысан кодта, рагæй кæй у зонгæ Албегты Борисы куыстимæ æмæ йын йæ зæрдæ загъта æнтыстытæ йæ архайды.

"Мах рагæй зонгæ стæм — уый лæууыд республикæйы энергетикон компанийы сæргъ, уыд "МРСК"-йы минæвар. Уымæ гæсгæ, йæ ног бынатмæ бацыд уыдзæн æнтыстджын. Дызæрдыг æппындæр нæ кæнын", — загъта Дзантиаты Сергей.

ПТРК "Алания"-йы комкоммæ эфиры 27 октябры Дзæуджыхъæуы мэр Дзантиаты Сергей фехъусын кодта, кæй цæуы йæ бынатæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0