Цæгат Иры æрцахстой дыууæ полицийы кусæджы Цкъаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæЦæгат Иры æрцахстой дыууæ полицийы кусæджы Цкъаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл
Цæгат Иры æрцахстой дыууæ полицийы кусæджы Цкъаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуы Мидхъуыддæгты министрады управленийы фæдагурæн хайады кусджытæй дыууæйы ӕрцахстой, сæ куысты барты сæрты кӕй ахызты, уый тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 4 ноя — Sputnik. Цкъаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл æрцахстой Дзæуджыхъæуы полицийы фæдагурæн хайады 30- æмæ 34-аздзыд кусджыты, кæцытæм аххосджын кӕнынц сæ куысты барты сæрты ахизыны, фехъусын кодта 15 регион.

Æгъуызарты Тамерлан райста йæ сæрмагонд контролмæ Цкъаты Владимиры амæлæты хъуыддаг

Фæдагуырды версимæ гæсгæ, 2015 азы 31 октябры 15 сахат æмæ 30 минутыл Дзæуджыхъæуы полицийы хайадмæ бакодтой 39-аздзыд бынæттон цæрæджы, цыран йемæ куыстой фæдагурæн хайады оперативон кусджытæ. 1 ноябры æхсæвы нæлгоймаг уадзыгæй бахаудта Дзæуджыхъæуы республикон клиникон рынчындонмæ реанимацион хайадмæ. Райсоммæ уый амард.

Ныртæккæ скъуыддзаг цæуы уыдонæн аххӕсджыны тæрхон рахæссын. Слестгæнæн куыстыты рæстæджы нысан æрцыд комиссион тæрхондонон- медицинон экспертизæ, кæцы хъуамæ рафæлгъауа нæлгоймаджы амæлæты аххосаг; тæрхондонон-биологон экспертизæ; ист æрцæудзысты ведеоцæстдарыны æрмæджытæ; æрфарст цæуынц æвдисæнтæ. Уголовон хъуыддаджы равзæрст дарддæр цæуы.

Раздæр Цæгат Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы фæдагурæн комитеты фæдагурæн управлени бакодта уголовон хъуыддаг 39-аздзыд Цкъаты Владимиры амæлæты фæдыл. Уый æрцахстой полицийы кусæгæн ныхмæлæуды цауы фæдыл. Дыккаг бон уый уæззау буарзиæнтты аххосæй амард рынчындоны. Цкъайы фырты бинонтæ нæ дызæрдыг кæнынц,уый фыднад кæй фæкодтой полицийы кусджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0