Къамис бӕрӕг кӕны, хӕдзармӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы бинонты цардуагон уавӕртӕ

© Sputnik / Диана КозаеваКъамис бӕрӕг кӕны, хӕдзармӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы бинонты цардуагон уавӕртӕ
Къамис бӕрӕг кӕны, хӕдзармӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы бинонты цардуагон уавӕртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕз адӕймагӕй бинонтӕ бирӕ ӕзты цӕрынц иу хатӕны, фӕлӕ сӕ ныфс нӕ сафынц, тагъд рӕстӕджы сӕ цӕрӕнуатон уавӕртӕ кӕй фӕхуыздӕр уыдзысты.

ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Ныр 30 азӕй фылдӕр Хуыбиаты Людӕ цӕры кӕддӕр ӕххӕст тыхтӕй кусӕг завод "Эмальпровод"-ы рӕстӕгмӕ цӕрӕн хъӕдагъуысттӕй сӕ иуы ("баракты"). Ацы хатӕн нырма советон дуджы рахицӕн кодтой йӕ фыдӕн, кӕцы куыста заводы. Ныртӕккӕ дзы цӕрынц дыууӕ бинонтӕ — Людӕ йӕ чызгимӕ ӕмӕ йе`фсымӕр йӕ бинойнаг ӕмӕ дыууӕ чысыл сывӕллонимӕ.

Ӕрӕджы Людӕ бахатыд мэриямӕ цӕмӕй йӕ сӕвӕрой цӕрӕнуат фӕуӕрӕхдӕр кӕныны рады. Мэрияйы цур цӕрӕнуатон къамисы сӕргълӕууӕг Джиоты Эндрик йӕхӕдӕг бабӕрӕг кодта, ацы бинонтӕ хъуагдзинад ӕййафынц ӕви нӕ цӕрӕнуат фӕуӕрӕхдӕр кӕныны. Sputnik уацхӕссӕг дӕр бабӕрӕг кодта, куыд цӕрынц бинонтӕ ахӕм зын уавӕрты.

© Sputnik / Диана КозаеваSputnik уацхӕссӕг бабӕрӕг кодта, куыд цӕрынц бинонтӕ ахӕм зын уавӕрты.
Бывшие бараки в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik уацхӕссӕг бабӕрӕг кодта, куыд цӕрынц бинонтӕ ахӕм зын уавӕрты.

ʺАцы хатӕны цӕры ӕхсӕз адӕймаджы. Нӕдӕр дзы дон уыд, нӕдӕр газ ӕмӕ нӕдӕр канализаци. Нӕхи тыхтӕй бауагътам газ, куыддӕрты кӕрты сарӕзтам ваннӕйы хатӕн, донимӕ нын баххуыс кодтой горӕты мэр ӕмӕ арӕзтады министр. Фенцондӕр нын ис цӕрын, фӕлӕ ӕхсӕз адӕймагӕн иу хатӕны цӕрын тынг зын у. Уӕлдайдӕр та чысыл сывӕллӕттимӕ", — дзуры Людӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕрӕнуат райсыны тыххӕй документтӕ уый бацӕттӕ кодта 2008 азы хӕсты размӕ, цыд алыгъуызон къамистӕм, фӕлӕ ацы архӕйдтытӕн ӕппындӕр ницы фӕстиуӕг уыд.

Хӕдзар ис аварион уавӕры. Пъол ныххауыны ӕввонг у, уӕлхӕдзар та — ӕркӕлыны. Уӕлхӕдзар раивыны тыххӕй куырдиӕттӕн ын дзуапп уыд, зӕгъгӕ, ног уӕлхӕдзар къултӕ нӕ бауромдзысты. Ахӕм уавӕрты бинонтӕ цӕрынц ныр цалдӕр азы дӕргъы, ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, кӕд фӕуӕрӕхдӕр уыдзысты сӕ цардуагон уавӕртӕ.

"Ӕз уӕй кӕнын сабийы дзаумӕттӕ, цы ӕхца бакусын, уыдон иууылдӕр цӕуынц хостыл мӕ рынчын чызгӕн — ис ын мидсӕргӕхц ӕндыгъдад. Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, уӕддӕр архайӕм, цы квадратон метртӕ нын ис, уыдон хӕрзарӕзтадылʺ, — дарддӕр кӕны йӕ ныхас Людӕ.

© Sputnik / Диана КозаеваАхӕм уавӕрты бинонтӕ цӕрынц ныр цалдӕр азы дӕргъы
Бывшие бараки в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ахӕм уавӕрты бинонтӕ цӕрынц ныр цалдӕр азы дӕргъы

Джиоты Эндрикы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хӕдзар райсыны ӕмӕ цӕрӕнуат фӕуӕрӕхдӕр кӕныны рады чи лӕууы, уыцы адӕмы нымӕц у 1800. Ӕмӕ ацы номхыгъд нӕ къаддӕр кӕны.

Уымӕн аххосаг ис — 20 азӕй фылдӕр республикӕйы ницы арӕзтад цыд, цӕрӕнуатон фонд нӕ уӕрӕх кодта. Бирӕ хӕдзӕрттӕ ӕрцыдысты кӕлӕддзаг уавӕрмӕ. Ныридӕгӕн горӕты арӕзт цӕуы дыууӕ ног микрорайоны, реконструкци ӕмӕ цалцӕг цӕуынц зӕронд бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕ. Сӕ раздӕры цӕрджытӕ — 140 бинонтӕм ӕввахс — рӕстӕгмӕ ӕрбынат кодтой, ацы аз цы ног микрорайон "Северный" арӕзт ӕрцыд, уым.

Къуындæг уавæрты цæрæг бинонты хæдзæрттыл рейд

ʺАразӕм, цы нӕ бон у, цӕмӕй баххуыс кӕнӕм ахӕм бинонтӕн. Уый у иууыл ахсджиаг фарстытӕй иу. Уынӕм, куыд зын у ахӕм уавӕрты цӕрын. Уый нӕдӕр монон хъӕздыгдзинадмӕ кӕны, нӕдӕр хъӕздыг цардмӕ", — загъта Джиоты Эндрик.

Людӕйы хӕдзары ныхмӕ, раздӕры АТК-йы бынаты, арӕзт цӕуы ног микрорайон. Фидӕн аз ацы бынаты фӕзындзӕн дыууӕ фондзуӕладзыгон хӕдзары. Уыдзӕн дзы 1, 2 ӕмӕ 3 хатӕнон фатертӕ.

Мӕскуыйаг арӕзтадон фирмӕ "Союзстройпроект"-ы прораб Борис Гейко Sputnik куыд загъта, афтӕмӕй иу корпусы бындур ныридӕгӕн у цӕттӕ, ацы мӕй райдайдзысты монтажон куыстытӕ.

Джиоты Эндрик куыд банысан кодта, афтӕмӕй ацы хӕдзӕрттӕ арӕзт цӕуынц цӕрӕнуатон хъуагдзинад цы бинонтӕ ӕййафынц, уыдонӕн. Алкӕцы дӕр дзы сгардзӕн цӕрӕнуатон къамис. Къамисы сконды ис 11 уӕнджы, ӕрмӕст мэрияйы кусджытӕ нӕ, фӕлӕ дзыллӕйады минӕвӕрттӕ. Уыдон сӕхи цӕстӕй уындзысты алы адрес дӕр ӕмӕ араздзӕн басгӕрсты акттӕ, цыран нысан кӕндзысты, цал адӕймагӕй конд сты бинонтӕ, цы уавӕрты цӕрынц ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Людӕ дӕр йӕ ныфс нӕ сафы, йӕ цӕрӕнуатмӕ ӕввахс цы хӕдзӕрттӕ арӕзт цӕуынц, уыдонӕй йӕ бинонтӕ иу фатеры хицӕуттӕ кӕй суыдзысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0