Козаты Аслан: уæлахизӕн мын ис стыр шанстӕ

© Sputnik / FacebookБоксерты уæз барыны официалон церемони
Боксерты уæз барыны официалон церемони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Козаты Асланбег хъуамæ ауадза тохтæ æмрæстæджы дыууæ чемпионаг титулы тыххæй. Ныхмæлæудмæ ма Лас-Вегасы баззад цалдæр сахаты.

ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik. Ирон боксер-профессионал Козаты Аслан майрæмбоны Лас-Вегасы æмрæстæджы ауаддзæн тохтӕ дыууæ чемпионаг титулы тыххæй — Дунеон боксерон ассоциацийы (WBA) версимæ гæсгæ дунейы интерконтиненталон чемпионы æмæ Дунеон боксерон организацийы (WBO) версимæ гæсгæ Цæгат Америчы чемпионы титулы тыххæй.

Козайы фырты ныхмæлæууæг у Олимпиаг хъæзтыты бронзæйон призер, украинæйаг боксер Тарас Шелестюк, кæцыйы хыгъдыл ис 12 уæлахиз æмæ иу саст дæр нæ.

27-аздзыд Козаты Асланбег профессионалон рингмӕ рахызт 2008 азы. У WBC версийы Европӕйы чемпион, фӕсивӕды ӕхсӕн дунейы ӕхсӕнконтиненталон чемпионы титулы хицау, Азийы чемпион.

Боксер  Козаты  Аслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Аслан: ӕз сахуыр дæн зындзинæдтыл æмæ нæ агурын рог фæндæгтæ

Тох райдайдзæн 6 ноябры 19:00 сахатыл бынæттон рæстæгмæ гæсгæ (сабат, 7 ноябрь, 7:00 мск). Уый ацæудзæн Лас-Вегасы, The D Hotel & Casino аренæйыл.

"Уый у нысаниуæгджын тох серьезон ныхмæлæууæгимæ. Ныхмæлæудмæ мæхи цæттæ кодтон Лос-Анджелесы, мексикæйаг тренертимæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ мын уæлахизæн ис егъау шанстæ", — загъта Sputnik Аслан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, майрæмбоны уагъд æрцыд боксерты уæз барыны официалон церемони. Йæ фæстиуджытæм гæсгæ спортсментæ сæ тыхтæ æвзардзысты ахæм уæзы категориты: Козаты Аслан — 66,7 кг, Шелестюк — 66,1 кг.

Боксеры тренер Сланты Виталийы ныхæстæм гæсгæ, Асланæн ныртæккæ ис хорз физикон цæттæдзинад, ацы тох та йын фадат ратдзæн "дунейон боксы элитæмæ бацæуынӕн".

Ног хабӕртты лентӕ
0