"Цкъайы фырты хъуыддаджы" фæдыл æрцахстой æртыккаг полицæйаджы

© Sputnik / Дзерасса Биазарти"Цкъайы фырты хъуыддаджы" фæдыл æрцахстой æртыккаг полицæйаджы
Цкъайы фырты хъуыддаджы фæдыл æрцахстой æртыккаг полицæйаджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цкъайы фырты амæлæты фæдыл хъуыддаджы равзæрст йæ сæрмагонд контролмæ райста Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан. Раздæр ацы хъуыддаджы фæдыл ахст æрцыдысты Мидхъуыддæгты министрады Ирыстойнаг районон хайады кусджытæй дыууæйæ.

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны полицийы æрфарсты фæстæ республикæйы цæрæджы амæлæты фæдыл ахст æрцыд ноджы иу полицæйаг, хъусын кæны 15 регион.

"Ацы хъуыддаджы фæдыл ахст æрцыд æртыккаг оперативон кусæг, фæдагуырд дарддæр цæуы", — фехъусын кодта агентады ныхасæмбал.

39-аздзыд Цкъаты Владимиры, кæцы зæрдæхсайындзинад сæвзæрын кодта ОМОН-ы командиры фехсыны цауы тыххæй, бакодтой Мидхъуыддæгты министрады хайадтæй иумæ. Æрфарсты фæстæ уый амард.

Цæгат Иры æрцахстой дыууæ полицийы кусæджы Цкъаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Иры æрцахстой дыууæ полицийы кусæджы Цкъаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл

РЦИ-Аланийы Фæдагурæн комитеты фæдагурæн управлени бакодта уголовон хъуыддаг Мидхъуыддæгты министрады ӕмкусджыты ныхмæ. Уыдонмæ зæрдæ æхсайы сæ барты сæрты ахизыны хъуыддагмæ.

Оперативон басгæрсты фӕстиуӕгӕн рæстæгмæ сæ куыстæй иуварс æрцыдысты уголовон агуырды æртæ кусæджы æмæ Дзæуджыхъæуы мидхъуыддæгты министрады управленийы оперативон куысты фæдыл сæргълæууæджы хæдивæг.

Цыппæрæмы ахст æрцыдысты Цкъайы фырты амæлæты фæдыл уголовон хъуыддаджы фигуранттæ — Ирыстойнаг районон хайады дыууæ оперативон кусæджы. Тæрхондоны рабадты рæстæджы кæрты æнхъæлмæ кастысты æрцахстуæвæг полицийы кусджыты хæстæджытæ, кæцытæ домынц раст равзæрст. Раздæр республикæйы сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан райста йæ сæрмагонд контролмæ Цкъаты Владимиры амæлæты хъуыддаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0