Тренер: Козаты Асланæн не сфаг комкоммӕ æмæ уæззау цæфтæ Шелестюкимæ тохы

© FacebookИрон боксеры тренер Сланты Виталий
Ирон боксеры тренер Сланты Виталий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Козаты Аслан иу азæй фылдæр нæ рахызт рингмæ. Уый та йыл, тренеры ныхæстæм гæсгæ, æппæрццагæй бандæвта украинæйагимæ ныхмæлæуды.

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Козаты Асланбегæн украинæйаг боксер Тарас Шелестюкимæ ныхмæлæуды не сфаг дырыс æмæ уæззау цæфтæ, загъта Sputnik боксеры тренер Сланты Виталий.

Ивгъуыд сабаты Лас- Вегасы уагъд æрцыд Козайы фырты тох, цыран уый æмрæстæджы ауагъта тохтӕ дыууæ чемпионаг титулы тыххæй — Дунеон боксерон ассоциацийы (WBA) версимæ гæсгæ дунейы интерконтиненталон чемпионы æмæ Дунеон боксерон организацийы (WBO) версимæ гæсгæ Цæгат Америчы чемпионы титулы тыххæй. Уый уыд ирон боксер-профессионалы фыццаг тох дыууæ азы мидæг. Дæсраундон ныхмæлæуды уæлахиз бафтыд Олимпиаг хъæзтыты бронзæйон призер, украинæйаг Тарас Шелестюк.

"Аслан тох кодта хъæбатырæй, дыккаг æмæ æртыккаг раундтæ ауагъта æнтыстджынæй, фæлæ уæддæр йӕ ныхмæлæууæг разынд рæвдздæр. Нæ йын сфаг комкоммӕ æмæ уæззау цæфтæ", — загъта тренер.

Козаты Аслан: уæлахизӕн мын ис стыр шанстӕ

Ирон боксеры басасты сæйраг факторыл тренер банымадта, Козайы фырт иу аз кæй нæ рахызт рингмæ. Афтæмæй та ахæм ахсджиаг тохы размæ хъуамæ ауагътаид иу-дыууæ ныхмæлæуды.

"Уымæй дарддæр боксер æгæр рæгмæ райдыдта спаррингтæ, рæгмæ райдыдта цæттæ кæнын", — загъта тренер.

Сланы фырт ма банысан кодта, ацы тохы Козайы фырты басаст фæстæмæ къахдзæфыл кæй нæ нымайы, уымæн æмæ "фыццаг хатт нæ боксеры равдыста стыр америкæйаг телеканал".

27-аздзыд Козаты Асланбег профессионалон рингмӕ рахызт 2008 азы. У WBC версийы Европӕйы чемпион, фӕсивӕды ӕхсӕн дунейы ӕхсӕнконтиненталон чемпионы титулы хицау, Азийы чемпион.

Козаты Асланбеджы хыгъдыл ис 28 тохы, 26 уæлахизы, иу басаст æмæ иу тох та ауагъта æмдыхæй.

2013 азы Козайы фырт бацахста фыццаг бынат иууыл фæстиуæгджындæр уæрæсейаг боксерты рейтингы, кæцы æрвылаз аразы хæдбар спортивон организаци "BoxRec".

Ног хабӕртты лентӕ
0