Цхинвалы ӕххӕст цӕуы ирон литературӕйы библиотекӕйы иумӕйаг националон проект

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы ӕххӕст цӕуы ирон литературӕйы библиотекӕйы иумӕйаг националон проект
Цхинвалы ӕххӕст цӕуы ирон литературӕйы библиотекӕйы иумӕйаг националон проект - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕххӕст цӕуы литературайы фадыджы Ирыстоны дыууӕ хайы иугӕнӕг проект - Ирон литературӕйы иумӕйаг библиотекӕ. 40 курдиатджын фыссӕджы чингуытӕ баххӕст кӕндзысты Ирыстоны чиныгдӕтты фонд.

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕххӕст цӕуы ирон литературӕйы библиотекӕйы иумӕйаг националон проект. Мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты рауагъдадон нывӕзты фӕлгӕтты рухсмӕ фӕзынд ирон литературӕйы антологийы ӕртыккаг том — Икъаты Владимиры хуыздӕр уацмысты ӕмбырдгонд, фехъусын кодта Sputnik проекты автор Хъоцыты Андрей.

Мыхуыр ӕмӕ информацийы дӕлбар ӕххӕст цӕуы гуырахстджын проект, цыран цалдӕр азы дӕргъы хъуамӕ рухсмӕ фӕзыной Ирыстоны дыууӕ хайы курдиатджын фысджыты ӕмӕ поэтты чингуытӕ. Ӕмткӕй мыхуыр ӕрцӕудзӕн 40 чиныджы. Нырмӕ уал рацыд ӕртӕ томы — Гӕдиаты Секъа, Гуыцмӕзты Алеш ӕмӕ Икъаты Владимир, азы кӕронмӕ ма сӕ нымӕцмӕ бафтдзӕн Хаджеты Таймураз.

"Ирон антологи ныммыхуыр кӕныны гуырахстджын проект ӕххӕст цӕуы Ирыстоны фыццаг хатт ӕмӕ здӕхт у ирон дзырды ӕппӕт дӕсныты сфӕлдыстад рауадзынмӕ. Чингуытӕ цӕуынц гъӕдджынӕй ӕмӕ сӕ баххӕст кӕнӕм иллюстрацитӕй", — радзырдта проекты автор.

Уый ма банысан кодта, фондз азы ӕмгъуыдмӕ кӕй фӕнд кодтой ныммыхуыр кӕнын 40 фыссӕджы чингуытӕ, фӕлӕ рауагъдадон планы хӕрдзтӕн се ‘мбис акъуырдтой, уымӕ гӕсгӕ проект фӕстиат кӕны.

"Ӕрбалӕугӕ азы та нӕ фӕнды ис рауадзын ноджы 5 номдзыд фыссӕджы хицӕн томтӕй, уыдон ӕхсӕн Джыгкайты Шамил дӕр", — загъта Хъоцыты Андрей.

Ирон литературӕйы библиотекӕ ныммыхуыр кӕныны проект кусы ныр дыккаг аз. Ацы рӕстӕг рауадзын бантыст ӕртӕ чиныджы. Ирон литературӕйы антологи ӕххӕст цӕуы Мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты рауагъдадон планы финансон хӕрдзтӕй, чынгуытӕ уагъд цӕуынц 300-1000 экземплярӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0