Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуан – фыдӕлты куырыхондзинады хӕзнадон

© Sputnik / Фатима ПлиеваСывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуан
Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы Сывӕллӕты сфӕлдыстадон галуан ивгъуыд аз банысан кодта йӕ 60 азы юбилей. Уӕдӕй абоны онг галуаны иу уысым дӕр нӕ нымӕг кӕны сабиты хъӕлдзӕг уынӕр. Иу къорд ивы иннӕты, ахуыры фӕстӕ ардӕм згъорынц сӕдӕгӕйттӕй скъоладзаутӕ. Ам сабитӕн равзарӕн ис аивады бирӕнымӕц здӕхӕнтӕй иууыл зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр кружоктӕ.

ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Республикӕйы курдиатджын ӕмӕ активон ахуырдзаутӕн Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуан ӕрбакодта ноджы дыууӕ кружокы, ацы аз кусын райдтой историон-патриотикон клуб ӕмӕ математикӕйы кружок.

Сывӕллӕты сфӕлдыстадон галуаны райдзаст ӕмӕ хӕрзӕфснайд бӕстыхайы иу уысм дӕр нӕ нымӕг кӕны сабиты хъӕлдзӕг уынӕр. Иу къорд ивы иннӕты, скъолайы фӕстӕ цыма ахуырӕй нӕ бафӕллайынц, уыйау ардӕм згъорынц сӕдӕгӕйттӕй. Ам сабитӕн фадат ис равзарын аивады бирӕнымӕц здӕхӕнтӕй: националон кафт, брейк-данс, гуымсӕгыл цӕгъдын, ныв кӕнын, журналистикӕйы дӕсниадыл фӕцайдагъ кӕнын, фат ӕмӕ ӕрдынӕй ӕхсын, хъӕдӕрмӕгимӕ кусын ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваСывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуан
Мастерская - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуан

Историон патриотикон клубы ӕрыгон фӕсивӕд ахуыр кӕны Ирыстоны истори, рагфыдӕлты цардуаг, сӕ хӕцӕнгарз ӕмӕ дарӕс, афтӕ ма фӕлварынц сӕхи къухӕй аразынц фат, ӕрдын, хъӕдӕрмӕгӕй мигӕнӕнтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр цымыдисон ӕрмӕджытӕ. Ног кружок бавдисдзӕн сӕ куысты фыццаг фӕстиуджытӕ тагъд рӕстӕджы. Ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ сӕ хъомылгӕнинӕгтӕ сараздзысты докладтӕ I-IV ӕнустӕй фӕстӕмӕ аланты уырнынады тыххӕй ӕмӕ нӕ рагфыдӕлтӕ цӕмӕн табу кодтой, уыдон фӕдыл.

"Дыууӕ къуырийы ма цӕттӕ кӕндзыстӕм ацы мадзалмӕ. Хъуамӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, нӕ фыдӕлты уӕды дуджы цардуаг равдисӕм. Цӕттӕ кӕнӕм, аразӕм уӕды заманы уӕлӕдарӕс, хӕцӕнгарз ӕмӕ мигӕнӕнтӕ", — банысан кодта кружокы къухдариуӕггӕнӕг Гаглойты Аза.

Скъоладзаутӕ канд сӕ истори ӕмӕ фыдӕлты фарн нӕ банкъардзысты, фӕлӕ ма ахуыр кӕнынц царм, хъӕдӕрмӕг ӕмӕ згъӕримӕ кусыны хиӕдтыл. Практикон ахуыртӕ уадзы Къалаты Нариман. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ къорд нырма ног кӕй у, уый тыххӕй уӕнгты нымӕц у чысыл. Уый райгонд у сабиты ӕрмдӕсниӕдтыл фӕцайдагъ кӕныны къуындӕг фадӕттӕй дӕр, фӕлӕ йӕ бӕллиц у ӕрмдӕсниӕдты этникон-историкон центр саразын.

"Ахӕм центр нын куы бантысид саразын, уӕд схъомыл кӕниккам фидӕны ӕрмдӕсныты. Аразиккам сувениртӕ, фӕстӕдӕр сӕ арӕхстдзинад куыд рӕза, афтӕ хъӕдӕрмӕгӕй сфӕлындиккам аргъуанты, аразиккам дуӕрттӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр ӕрмӕг, науӕд ӕрмиӕдтӕ сӕфынц нӕ адӕмы ӕхсӕн", — радзырдта уый.

© Sputnik / Фатима ПлиеваСывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуан
Мастерская - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуан

Ӕрыгон математикы скъолайы ацы предмет биноныгӕй ахуыр кӕныц скъоладзаутӕ республикӕйы алы къуымтӕй. Ивгъуыд азы кӕрон цыппӕрӕм къласты ахуырдзауты ӕхсӕн сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуан ауагъта математикӕйы олимпиадӕ. Фыццаг туры фӕлварӕн чи рахызт, уыдоны сентябрӕй ӕрхуыдтой ӕрыгон математикы скъоламӕ.

Галуаны директор Джиоты Аряна куыд радзырдта, афтӕмӕй скъола здӕхт у ахуырдзауты дырыс зонӕдты ахуыр кӕнынмӕ раздахын. Уый уырны, Хуссар Иры ном та раздӕрау кӕй нӕрдзӕн хорз математиктӕй, уымӕн та ахъаз уыдзӕн ӕрыгон математикы скъола.

"Фыццаг аз скъолайы программӕйы уӕлӕмхас зонындзинӕдтӕ дӕттынц ӕмӕ фӕлхатт кӕныц, цы ӕрмӕг рацыдысты цыппар азы дӕргъы, уый. Ӕртӕ ахуыргӕнӕджы кусынц фараст къордимӕ. Сывӕллӕттӕ арфдӕр ахуыр кӕнынц математикӕ ӕмӕ цайдагъ кӕнынц компьютеримӕ кусыныл", — радзырдта директор.

Сывӕллӕты сфӕлдыстадон галуан сабиты курдиат райхалыныл кусы ныр ӕрдӕг ӕнусӕй фылдӕр. Уагдон ивгъуыд аз банысан кодта йӕ 60 азы юбилей. Кусы дзы бирӕ алыгъуызон цымыдисон кружоктӕ, уыдонӕй алкӕцыйы дӕр ӕрвылбон дӕр архайынц дӕсгай скъоладзаутӕ республикӕйы алы районтӕй дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0