ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik, Козаты Дианæ. Ацы аз Хуссар Ирыстоны райгуырд 30 сывæллон фылдæр фаронимæ абаргæйæ, фехъусын кодта Цхинвалы гуырæн хæдзары сæйраг дохтыр Тедеты Вадим.
Хæсты фæстæ дуджы фæзынд ахæм тенденци æмæ иу сылгойтæгтæ сывæллон гуырынмæ цыдысты Дзæуджыхъæумæ. Ныр дæр, кæд республикæйы ныллæууыд сабыр рæстæг, уæддæр гуырынад нырма бæрзонд нæу. Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, азы мидæг ам райгуыры 350 сывæллоны, иннæтæ дунемæ фæзынынц Цæгат Ирыстоны.
"Ацы аз нæм райгуырд 318 сывæллоны. Уый та фароны ацы периодимæ абаргæйæ у 30 сывæллон фылдæр. 2014 азы республикæйы дунемæ фæзынд 282 чысыл æмбæстаджы", — загъта Тедеты Вадим.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы бæрæггæнæнтыл бандæвта уый, æмæ Хусар Ирыстоны кæй фæхуыздæр сты социалон уавæртæ. Уымæй дарддæр ма сæйраг дохтыр банысан кодта, æвгъæдыбадджытæм ис хуыздæр зылд.
Стыр нысаниуæг ма ис уыцы хъуыддагæн æмæ дыккаг сывæллон цы сылгоймæгтæ ныййарынц, уыдонæн кæй фæзынд фадат Уæрæсейы мады капитал райсын Цхинвалы лæвæрд сертификатæй. Цхинвалы гуырæн хæдзары ног бæстыхайы сырæзтимæ æвзонг мæдты уавæртæ фæхуыздæр уыдзысты.
Гуырæн хæдзар арæзт æрцæудзæн раздæры цæстыты рынчындоны бынаты, ныридæгæн ам райдыдтой цӕттӕгӕнӕн куыстытæ.
2017 азмæ ацы бынаты сырæздзæн, 35 бынат кæм уыдзæн, ахæм хæрзарæзт медицинон уагдон нырыккон ифтонггарзимæ.
"Кæй зæгъын æй хъæуы, горæт кæй æндидзы, уый фæдыл нæ цинæн кæрон нæй. Цадæггай горæты хуыз аив кæнынц нырыккон рæсугъд бæстыхæйттæ. Фæлæ мæнæн тынг мæ зæрдæмæ цæуы гуырæн хæдзары бæстыхай, у тынг аив. Ме ‘ртæ сывæллоны дæр дунемæ ам фæзындысты, мæ хъæбулы хъæбул дæр ам райгуырд. Уыимæ иумæ ма фехъуыстон, ацы бæстыхайæн кæй ис йæхи истори", — дзуры Цхинвалы цæрæг Плиты Мадинæ.
Бындурон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, Цхинвалы гуырæн хæдзары арæзтады фæдыл æрмæджытæ рæдыдæй бахаудысты Хуссар Ирыстонмæ. Раздæр Цхинвал хуынд Сталинир. Ацы ном Хуссар Ирыстоны столицæйæн лæвæрд æрцыд 1934 азы Иосиф Сталины номыл. 1961 азы горæтæн раздæхт æрцыд йæ раздæры ном — Цхинвал.
Æндæр æмæ æндæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ, арæзтадон æрмæджыты нысанæвæрд уыд Сталинграды (ныры горæт-хъайтар Волгоград) гуырæн хæдзар. Дыууæ горæты нæмттæ æмзæл кæй уыдысты, уый аххосæй æрвитджытæ раст нæ ныффыстой адрес. Афтæ, арæзтадон æрмæджытæ æрцыдысты Цхинвалмæ, цыран 1954 азы арæзт æрцыд ныры гуырæн хæдзары бæстыхай.
Ацы историйы бæлвырддзинад ныр зын бафидаргæнæн у, уымæн æмæ уæды рæстæджы документаци иууылдæр æвæрд уыд Гуырдзыстоны архивы.
Гуырæн хæдзары ног бæстыхайы арæзтад кæронмæ куы бахæццæ уа, уæд ныры агъуысты та фæнд кæны æрбынат кæнын республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад.
Арæзтад хаст у 2015-2017 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты Инвестпрограммæмæ. Ног гуырæн хæдзары бæстыхай уыдзæн, 35 бынаты кæм уа, ахæм æртæуæладзыгон бæстыхай. Ам æрбынат кæндзысты гинекологон æмæ гуырæн хайадтæ, æвгъæдыбадджыты патологийы хайад, хицæнæй уыдзæн сывæллæтты æндидзын кæныны блок.