Хуссар Ирыстоны парламентаризмыл сæххæст 25 азы

© Sputnik / Пресс-служба президента и правительства РЮОРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц парламенты фыццаг æрсидтыл 25 азы сæххæст, кæцымæ æвзæрстытæ уагъд æрцыдыст 1990 азы 9 декабры.

ЦХИНВАЛ, 9 дек — Sputnik, Тадтаты Андрей. Хуссар Ирыстоны фыццаг æрсидты парламентæн уыд ахсджиаг нысаниуæг республикæ сæндидзыны хъуыддаджы æмæ йæ паддзахаддзинады бындурæвæрды, загъта æртыццæджы Sputnik закъондæттæн органы фыццаг æрсидты депутат Кокойты Геннадий.

Хуссар Ирыстоны фыццаг парламентмæ (Уæлдæр Совет) уагъд æрцыдысты 1990 азы 9 декабры. Æртыццæджы республикæйы нысан кæнынц парламентон архайдыл 25 азы сæххæст.

"Æз фидарæй зæгъын æмæ парламентон къабазæн ис раздзæуæг роль æмæ æххæстæй дзуапп дæтты адæмы домæнтæн. Рагон Римæй фæстæмæ парламентон къухдариуæгады формæ фенын кодта, эффективонæй кæй хъахъхъæны адæмы интерестæ. Уымæ гæсгæ, раст у, парламент Хуссар Ирыстоны кæй ссис фыццаг æмæ иунæг хицауады легитимон орган, кæцы дзуапп дæтты цӕрджыты бæллицтæн", — загъта Кокойты Геннадий.

РХИ парламенты спикер Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: фидæнмæ парламент суыдзæн æххæстæй профессионалон

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыццаг депутатон корпус "бавзæрста егъау æлхъывд", æмæ æрмæст Тбилисы æрдыгæй нæ, кæцы æмбæрста, Хуссар Ирыстон кæй хизы йæ контролы бынæй æмæ арæзта æппæтдæр, цæмæй уый ма æруадза. Æлхъывдад ма уыд цæдисон къухдариуæгады æрдыгæй дæр.

Кокойты Геннадийы нымадмæ гæсгæ, фыццаг æрсидты парламент равдысты "æмбæстагон хъæбатырдзинад, æцæг хъайтардзинад".

Хуссар Ирыстоны мыхуыр æмæ информацийы комитеты сæргълæууæг Гобозты Вячеславыл 1990 азы 24 азы дæр нæ цыд, уыд фыццаг парламенты иууыл æрыгондæр депутут.

"Уыдон уыдысты фыццаг сæрибар альтернативон æвзæрстытæ Хуссар Ирыстоны. Уый размæ, советон рæстæджы раразмæгонд цыд æрмæстдæр иу депутат æмæ иууылдæр сæ хъæлæстæ дæттой уымæн", — мысы Гобозты Вячеслав.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвзæрстытæ ацыдысты активонæй, хъæлæс раттынмæ æрбацыдысты гуырдзиаг цæрджыты фылдæр хай дæр, парламенты фыццаг сессийы рæстæджы та вице-спикерæй равзæрстой гырдзиаг адæмыхатты минæвары, Знауыры районæй депутаты.

"Уый æрмæст ирон цæрджыты парламент нæ уыд, уым æвдыст уыд æппæт Хуссар Ирыстон æмæ йæ легитимондзинад дызæрдыккаг нæ уыд", — радзырдта политик.

Парламенты фыццаг сесси æрæмбырд экстренонæй — æвзæрстыты дыккаг бон Гуырдзыстоны ССР аивта Хуссар Ирыстоны автономи.

РХИ президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид бахаста æнхъарæн, цæмæй ивд æрцæуа парламентмæ æвзæрстыты системæ

"11 декабры мах æрæмбырд стæм ссесимæ, Уæлдæр Советы сæргълæууæгæй сæвзæрстам Хъуылымбегты Торезы. Уæдæй фæстæмæ парламент райдыдта йæ куыст. Куыстам æнæрлæугæ канонадæимæ суанг 1992 азы фидауынгæнæн тыхты баконды онг",- мысы Гобозты Вячеслав.

Уый зæрдыл ӕрлæууын кодта, фыццаг парламент кæй райста ахсджиаг уынаффæтæ, æрæвæрдта бындур паддзахадон хæдбардзинадæн. Райстæуыд хæдбардзинады акт, уый размæ та уагъд æрцыд хæдбардзинад райсыны фæдыл референдум. Райстæуыд РХИ-ы фыццаг Конституци.

"Уæды парламент нæ уыд æмзонд, уыдис иу нæм æхсидгæ быцæутæ. Кæд стратегион планы æмзонд уыдыстæм, ома Хуссар Ирыстон ницы хуызы бацæудзæн Гуырдзыстоны скондмæ, уæддæр нæм тактикон фарстаты уыд бирæ быцæутæ. Фæлæ зæгъын хъæуы уый, æмæ нæ быцæуты никуы хызтыстæм гоймагон миниуджытæм. Ничи никæй нæ хуыдта "адæмы знаг", иууылдæр æмбæрстам иу нысан нын кæй ис, кæй хъæуы байхъусын кæрæдзимæ", — дзуры Гобозты Вячеслав.

Ныридæгæн Хуссар Ирыстоны кусы парламенты æхсӕзӕм ӕрсидт. Æвзæрстытæ уагъд цæуынц пропорционалон системæмæ гæсгæ (хайад исынц æрмæст партитæ), фæлæ фæстаг рæстæджы дзырд цæуы æвзæрстыты æмхæццæ системæмæ (хайад исынц куыд партитæ, афтæ мажоритарийтæ) рахизыны æвдисæйнæгтыл. Ацы инициативæимæ раныхас кæнынц куыд депутаттæ, афтæ æххæстгæнæн системæйы минæвæрттæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0