Дзӕуджыхъӕуы байгом уыдзӕн "Европӕйы тӕмӕн"-ы кӕронбӕттӕнон равдыст

© Sputnik / Радион ПухаевИрон нывгӕнджытӕ
Ирон нывгӕнджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы равдыстӕй организатортӕ сараздзысты "Европӕйы Ирон культурӕйы бонтӕн" фондзазон хатдзӕгтӕ.

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik. Проект "Европӕйы тӕмӕн"-ы кӕронбӕттӕнон равдыст байгом уыдзӕн 18 декабры Дзӕуджыхъӕуы Тугъанты Махарбеджы номыл Националон аивадон музейы, фехъусын кодта Sputnik ассоциаци "Сӕндидзӕн"-ы сӕрдар Пухаты Радион.

Проект "Европӕйы тӕмӕн" фыццаг хатт реализацигонд ӕрцыд 2015 азы "Европӕйы Ирон культурӕйы бонты" фӕлгӕтты. Равдыстытӕ уагъд ӕрцыдысты Мӕскуы ӕмӕ Цхинвалы.

"Ацы равдыстӕй мах сараздзыстӕм "Европӕйы Ирон культурӕйы бонтӕн" фондзазон хатдзӕгтӕ. Проекты фӕлгӕтты ацы ӕзты мах ауагътам мадзӕлттӕ фараст бӕстӕйы, 13 европӕйаг горӕты, уыдоны ӕхсӕн Брюссель, Рим, Париж, Стамбул, Люксембург, Будапешт ӕмӕ ӕндӕртӕ", — радзырдта Пухаты Радион.

Ирон культурæйы бонтæн Европæйы лæвæрд æрцæудзæн ног статус

Уый ма банысан кодта, ирон нывгӕнджытӕ фондз азы дӕргъы сӕ куыстыты кӕй ӕвдыстой сӕ тӕлмӕнтӕ Европӕйӕ. Сӕ нывтӕй кӕцыдӕрты эскизтӕ фыст ӕрцыдысты Голланди, Франц ӕмӕ Бельгийы.

"Равдысттæ æнтыстджын кæй уыдысты, уый тыххæй аскъуыддзаг кодтам "Европæйы тæмæн" равдисын Уæрæсейы регионты æмæ æввахс фæсарæнты бæстæты. Афтӕ ма хонӕн гӕххӕттытӕ райстам Европӕйӕ дӕр, уымы цӕрджыты дӕр фӕнды сӕхимӕ фарсӕрдыгӕй бакӕсын", — загъта организатор.

Проект "Европӕйы тӕмӕн"-ы фарс балӕууыдысты Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрӕдтӕ, афтӕ ма Уӕрӕсейы нывгӕнджыты цӕдис.

Ног хабӕртты лентӕ
0