Сушитӕ ӕви роллтӕ?

© Sputnik / Плиты ФатимаСушитӕ ӕви роллтӕ?
Сушитӕ ӕви роллтӕ? - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Горӕты нырма ӕрмӕстдӕр дыууӕ бынаты аразынц япойнаг къӕбицы хӕринӕгтӕ - спорт-бар "Лига чемпионов" ӕмӕ кафе "Сакура"-йы. Дыууӕ уагдоны роллтӕн дӕр фӕзынд сӕхи табугӕнджытӕ, се ‘хсӕн хаттӕй-хатт социалон хызӕджы бацайдагъ вӕййы ныхасы тохтӕ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Япойнаг къӕбицы хӕринӕгтӕ Цхинвалы ресторанты кӕд нырма ӕрӕджы райдыдтой аразын, уӕддӕр сын цыбыр ӕмгъуыдмӕ фӕзынд сӕхи табугӕнджытӕ. Роллтӕ ӕмӕ сушитӕ уарзджыты ныр фӕсарӕнтӕм нал хъӕуы цӕуын сӕ уарзон хӕринӕгтӕй саходӕн кӕныны тыххӕй.

Ирон цыхт ӕмӕ дзыкка - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон цыхт ӕмӕ дзыкка

Суши, роллтӕ, спайси ӕмӕ скӕсӕйнаг къӕбицы ӕндӕр хӕринӕгтӕ Цхинвалы аразынц ӕрмӕстдӕр дыууӕ хӕрӕндоны — "Лига чемпионов" ӕмӕ "Сакура"-йы.

"Лига чемпионов"-ы администратор Мӕргъиты Азӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон сӕ меню рауӕрӕх кодтой мартӕй япойнаг къӕбицы хъӕринӕгтӕй ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ нӕ къаддӕр кӕны сӕ табугӕнӕджыты нымӕц.

"Фыццаг хаттӕй никӕй зӕрдӕмӕ фӕцӕуынц, фӕлӕ сӕ стӕй фӕстӕдӕр бауарзынц. Цӕмӕдӕр гӕсгӕ, япойнаг къӕбиц фылдӕр бӕрцӕй уарзынц фӕсивӕд, фӕлӕ нӕ клиентты ӕхсӕн ис бирӕ хистӕр кары адӕм дӕр", — радзырдта Sputnik Мӕргъиты Азӕ.

Япойнаг къӕбицы хӕринӕгтӕ фылдӕр арзӕт цӕуынц натуралон хомӕгӕй. Суши, роллтӕ ӕмӕ спайсийы сконды сӕйраджыдӕр вӕййы пырындз ӕмӕ кӕсаджы хицӕн хуызтӕ, еугӕф, стӕй йӕм, аразӕджы фантазимӕ гӕсгӕ, бафтауынц ӕндӕр продукттӕ дӕр.

© Sputnik / Плиты ФатимаСушитӕ ӕви роллтӕ?
Сушитӕ ӕви роллтӕ? - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сушитӕ ӕви роллтӕ?

Кӕд ацы хӕринӕгтӕ цыбыр рӕстӕгмӕ Цхинвалы ссисты популярон, уӕддӕр сын сӕ саразынӕн нӕй дӕсны специалисттӕ, уымӕ гӕсгӕ сыл кӕлӕн кӕнынц ӕрмӕстдӕр ӕрхонгӕ хӕринаггӕнджытӕ. Иу порцийы аргъ лӕууы 150 — 600 сомы онг.

"Ӕрхуыдтам Дзӕуджыхъӕуӕй дыууӕ лӕппуйы — Алан ӕмӕ Хетӕджы, уыдон раздӕр куыстой "Mercada group" ресторанты. Сарӕзтам сын аккаг куыстмызд, ссардтам сын цӕрӕн бынат, уымӕй дарддӕр сын фидӕм сӕ фӕндагон хӕрдзтӕ дӕр ӕмӕ нын уыдон аразытц роллтӕ ӕмӕ сушитӕ", — радзырдтой "Лига чемпионов"-ы.

Ацы хӕринӕгтӕ ма аразынц кафе "Сакура"-йы дӕр, фӕлӕ, ӕбӕрӕг аххӕсӕгтӕм гӕсгӕ, уыдоны нӕ бафӕндыд Sputnik уацхӕссӕджы нӕдӕр сӕ къӕбицмӕ бауадзын, нӕдӕр сӕ аразыны сусӕгдзинӕдтимӕ базонгӕ кӕнын.

© Sputnik / Плиты ФатимаСуши-бар "Сакура"
Суши-бар Сакура - Sputnik Хуссар Ирыстон
Суши-бар "Сакура"

Япойнаг къӕбицы хӕринӕгтӕ бауарзта Козаты Диана дӕр, уый банысан кодта, зӕгъгӕ, йын йе ‘мбӕлттимӕ мӕй иу хатт роллтӕй ацаходынмӕ ацӕуын ссис традицион.

"Сушитыл уыйбӕрц зӕрдыйӕ нӕ дӕн, хӕрзаддӕр мӕм кӕсынц ролттӕ. Дыууӕ ран дӕр сӕ федтон, фӕлӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр фӕцыдысты Лигайы роллтӕ", — банысан кодта Диана.

Уымӕй дарддӕр ма сушитӕ ӕмӕ роллтӕ заказмӕ гӕсгӕ ресторанты кусджытӕ ӕхӕццӕ кӕнынц хӕдзӕрттӕм дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0