Дзыллæйад хæцы республикæйæн "Хуссар Ирыстон – Алани" ном раттыны фарс

© Sputnik / Дина ГассиеваДзыллæйад хæцы республикæйæн "Хуссар Ирыстон – Алани" ном раттыны фарс
Дзыллæйад хæцы республикæйæн Хуссар Ирыстон – Алани ном раттыны фарс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент Тыбылты Леонид хатдзæгон пресс-конференцийы рæстæджы къуырисæры фехъусын кодта республикæйæн "Хуссар Ирыстон – Алани" ном раттыны фæдыл куыст райдайыны цæттæдзинады тыххæй. Республикæйы дзыллæйад дæр хæцы ацы хъуыддаджы фарс.

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Хуссарирыстойнаг ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæг, ЗИИ-ы директор Гаглойты Роберт хæцы президенты фæндоны фарс республикæйы ном аивыны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстыл дзырд алыхатт дæр цыд ирон адæмы съездтæй алкæцыйыдæр æмæ  æмбæлд æппæтиумæйаг разыдзинадыл.

Президент Тыбылты Леонид хатдзæгон пресс-конференцийы рæстæджы къуырисæры фехъусын кодта республикæйæн "Хуссар Ирыстон — Алани" ном раттыны фæдыл куыст райдайыны цæттæдзинады тыххæй.

"Ацы идейæ нымайын тынг хорзыл. Уый æнæмæнгхъæуæг у фыццаджыдæр фæлтæрæй фæлтæрмæ цыдæн. Æз уый тыххæй дзырдтон, цалынмæ мæхъæлæттæ сæ сæйраг горæтæн рагон Аланийы столицæйы ном — Магас нæ радтой, уæдмæ дæр", — загъта Гаглойты Роберт, кæцы ма у æппæтирон змæлд "Стыр Ныхас" æмсæрдар.

Президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент ӕрсидт Хуссар Иры ном Хуссар Ирыстон-Аланимӕ раивын

Ахæм хъуыдыйы хицау ма у массон информацийы фæрæзтæ, дин æмæ культурæйы фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Гæбæраты Юрий дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, республикæйы ном аивын хъæуы Цæгат Иры аналогимæ гæсгæ.

"Кæд нæхи иу адæмыл нымайæм, уæд хуынгæ дæр хъуамæ æмхуызон кæнæм. Республикæ Хуссар Ирыстон — Алани — ахæм ном хъуамæ хæсса нæ республикæ", — загъта депутат.

Ног хабӕртты лентӕ
0