Азӕй азмӕ цъусдӕр кӕнынц ӕфсинтӕ, кӕцытӕ се ‘ртӕ уӕлибӕхы скӕнынц сӕхӕдӕг

© Sputnik / Ада БагианАзӕй азмӕ цъусдӕр кӕнынц ӕфсинтӕ, кӕцытӕ се ‘ртӕ уӕлибӕхы скӕнынц сӕхӕдӕг
Азӕй азмӕ цъусдӕр кӕнынц ӕфсинтӕ, кӕцытӕ се ‘ртӕ уӕлибӕхы скӕнынц сӕхӕдӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон ногазон фынгыл салат "Оливье" ӕмӕ мандаринтӕ не сты сӕйраг хӕринӕгтӕ. Ирыстоны алкӕцы бинонттӕ дӕр Ног азмӕ сцӕттӕ кӕнынц ӕртӕ уӕлибӕхы. Иутӕ сӕ скӕныц сӕ хӕдзӕртты, куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Аннӕты хӕрзӕбонӕн та кусынц афтӕ хуыйнӕг "цӕттӕ къӕбицтӕ".

ЦХИНВАЛ, 30 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ирыстоны алы бинонты ногазон фынгыл, традицимӕ гӕсгӕ, хъуамӕ уа ӕртӕ уӕлибӕхы. Кӕд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕфсин хъуамӕ йе ‘ртӕ кувӕггагы скӕна йӕхӕдӕг йӕ хӕдзары, уӕддӕр абоны æнæвдæлон сылгоймӕгтӕ ирон фынгы сӕйраг хӕринаджы балхӕнынц цӕттӕ къӕбицты.

Скӕнӕм ирон уӕлибӕхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скӕнӕм ирон уӕлибӕхтӕ

Ӕртӕ чъирийӕ ирон адӕм кувынц Хуыцаумӕ рагзамантӕй фӕстӕмӕ. Алы бӕрӕгбонон фынгыл дӕр уыдон сты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг. Фыдӕлты ӕгъдау ницӕмӕ даргӕйӕ, абоны ӕфсинтӕй сӕ фылдӕр сӕйраг ирон хӕринаг йӕ хӕдзары ничиуал кӕны. Цӕттӕ къӕбицтӕ ахӕм бӕрӕгбӕтты сӕххӕст кӕнынц сӕ афӕдзы нормӕ.

Ныр дӕр та, Ног азы къӕсӕрыл, цӕттӕ къӕбицтӕ сӕ куысты гуырахстыл нал ӕххӕссынц. Sputnik бацымыдис кодта, Ног азы хӕдразмӕ сӕ куыст цӕй бӕрц фӕфылдӕр вӕййы Цхинвалы цӕттӕ къӕбицтӕн.

Цхинвалы бирӕнымӕц хӕбизджынгӕнджытӕй бирӕтӕ Ног азы размӕ сӕ куыст ӕруромынц. Бӕрӕгбонмӕ уыдон райсынц бирӕ заказтӕ ӕмӕ сӕхи цӕттӕ кӕнын байдайынц уыдон кӕнынмӕ.

Кӕд нырма Ног азмӕ дыууӕ боны хъӕуы, уӕддӕр хӕбизджынгӕнӕн "Аза"-йы заказты нымӕц фӕфылдӕр ис фондз хатты. Ацы къӕбицы куыд дзурынц, афтӕмӕй сын иууыл фылдӕр куыст вӕййы Ног азы, Дзуарыбонты, иудзырдӕй, бӕрӕгбӕтты.

"Иууыл фылдӕр ссывдтытӕ скӕнӕм Ног азы ӕмӕ Куадзӕны. Ӕрвылбон дӕр мах скӕнӕм 200-мӕ ӕввахс хӕбизджыны, фӕлӕ бӕрӕгбӕттӕм сӕ нымӕц зынгӕ фӕфылдӕр вӕййы. Ныры онг нӕм ӕрбацыд 800 заказӕй фылдӕр, ӕмӕ нырма кӕм ис. Нӕ бон у 1500 кӕрдзын скӕнын, фӕлӕ уымӕй фылдӕр заказттӕ нӕ райсдзыстӕм", — зӕгъы къӕбицы кусӕг Ирма.

Уый ма радзырдта, зӕгъгӕ, кӕд Куадзӕн ӕмӕ Дзуарыбонтӕм фылдӕр фӕкӕнынц хӕбизджынтӕ, уӕд Ног азмӕ та цӕрджытӕ иухуызон ӕрдомынц къабускъаджын, картофджын, цӕхӕраджын ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Цхинвалы равзардзысты иууыл рӕсугъддӕр наз бӕлас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы равзардзысты иууыл рӕсугъддӕр наз бӕлас

Цӕттӕ къӕбиц "Бӕркад" дӕр кусы суанг 31 декабрмӕ, фӕлӕ сӕ заказтӕ нырма зынгӕ нӕ фӕфылдӕр сты.

"Бӕрӕгбӕтты хӕдразмӕ нын алыхатт дӕр вӕййы тынг бирӕ куыст. Фӕлӕ нырма нӕ заказты нымӕц бирӕ ницы фӕфылдӕр. 31 декабры та нын уыдзӕн бирӕ куыст ", — дзуры кусӕг Альбина.

Хъагагӕн, фыдӕлты ӕгъдау абон фӕцудыдта. Ныры дуджы ногазон фынгыл ӕртӕ ссывды ӕрмӕст сыгъдӕг ирон цыхтӕй нал вӕййынц, фӕлӕ ма сӕм бафтауынц картоф, къабускъа, хъӕдындз, цӕхӕрайы сыф, хъӕдур ӕмӕ ӕндӕр халсӕрттӕ.

Ӕртӕ уӕлибӕхӕй дарддӕр ма иу ирон ногазон фынгыл ӕнӕмӕнг уыдис уасӕджы дзидза, ӕнгузтӕ, ӕхсӕртӕ, дыргътӕ. Абон уыдон бынат дӕр бацахстой салат "Оливье" ӕмӕ мандаринтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0