Бынаты хицауы бæрæгбон

© Sputnik / Улозявичюс Аудрюс /  Ахизын медиабанкмæИрон адӕм нысан кӕныц Бынаты хицауы бæрæгбон
Ирон адӕм нысан кӕныц Бынаты хицауы бæрæгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы бӕрӕгбон ирон адӕм нысан кодтой рагфыдӕлтӕй фӕстӕмӕ. Хуыдтой ма йӕ Дзинкъуырд, Джикъуыртæ, Кæйдæртæ ӕмӕ Хæйрæджыты æхсæв. Археологон æрмæг куыд амоны, афтæмæй ацы æгъдæутты æнгæс æгъдæуттæ зыны скифты царды дæр.

ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik. Ирон адӕм рагӕй фӕстӕмӕ ног азы райдайӕны, Цыппурсæй Ног Боны æхсæн æртыццæджы æхсæвы нысан кодтой Бынаты хицауы бон.

Ацы бæрæгбоны, адæмы уырнынадмæ гæсгæ, агъуысты æмбæхст вæййынц æнæзæгъинæгтæ, фыдбылызтæ, æвзæргæнджытæ. Адонæй тæрсгæйæ, ирон адæм стырбоны рæстæджы скъæты къæсæртыл, хордонтæм бахизæнты, къæбицы дуаргæрæтты æвæрдтой сындзытæ, сывæллæтты хъуыртыл кодтой дзуæрттæ, хæдзары алыварс зæххыл кодтой хахх исты цыргъагæй, артдзæсты рæхыс æмæ-иу сындзытимæ хæдзары алыварс æркодтой æртæ зылды, сындзытæ-иу авæрдтой хæдзары мигæнæнтыл, къултыл, уæлæдарæсыл æмæ а. д.

Ирон чындзӕхсӕв - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ

Бынаты хицау нымад цыдис цæрæн хæдзары бардуагыл. Ирæтты уырнынадмæ гæсгæ, алы бынатæн, зæххы алы хайæн дæр ис йæхи бардуаг, йæхи Бынаты хицау, алы мыггагæн, алы хæдзарвæндагæн йæхи бардуаг куыд ис, афтæ. Ахæм уырнындзинад цæуы иууыл рагондæр заманæй.
Ирæттæ куыд æнхъæлынц, афтæмæй Бынаты хицау «цæры», хæдзармæ бахизгæйæ, рахиз къуымы, кæнæ хæдзары сылгоймæгты фарсы ‘рдыгæй къуымы. Уыцы бынаты сылгоймæгтæ æвæрдтой бæмбæг кæнæ сырх зæлдаг, цæмæй Бынаты хицауæн уа æхцон æмæ бада фæлмæнтыл. Бинонты æндæр агъуыстыты уыцы къуымты дæр ахæм хуызы æвæрдтой бæмбæг æмæ зæлдаг уаццæгтæ.

Бынаты хицауæн афтæ цыт кодтой Къуыдаргомы æмæ Дыгургомы.

Ирон адæмы уырнынадмæ гæсгæ, Бынаты хицауæн йæ бон уыдис нæлгоймаджы кæнæ сылгоймаджы хуызы рацæуын, йæ бон уыд урс уæрыкк, маргъ кæнæ дур фестын. Бынатыхицау йæхи не ‘вдисы, уый æнæуынгæ у. Гæнæн ис, æмæ йæ федтаиккой æрмæстдæр дæснытæ, уымæй дæр афæдз иу хатт — Ног азы æхсæв.

Бынатыхицау хæдзары мидæг уарзта сыгъдæгдзинад.

Ирон адæмы бардуæгтæй æрмæст Бынаты хицауæн у йæ бон нæлгоймаджы кæнæ сылгоймаджы хуызы рацæуын. Адæм æнхъæлдтой, зæгъгæ, нæлгоймаг-Бынаты хицау у уæзбындæр, тыхджындæр æмæ зæрдæхæлар, сылгоймаг-Бынаты хицау та æнæбондæр, зындзырддæр æмæ мæстыгæрдæр. Æмткæй Бынаты хицау ирæттæм нымад цыдис сылгоймаг-бардуагыл.

Зӕппӕдзтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зианы ӕгъдӕуттӕ

Бынаты хицаумæ куывтой, сæхи йыл фæдзæхстой бинонтæ куывды, чындзæхсæвы, лæппуйы куывды æмæ æндæр ахæм цины хъуыддæгты.
Бæрæгбоны æргæвстой æнæмæнгæй сæгъ, уымæн æмæ ирон адæмы уырнынадмæ гæсгæ сæгъ у дæлимонты сфæлдисгæ фос. Нывонд-кусарт та иу рахицæн кодтой раздæр. Кæд-иу бинонты цард рæстмæ нæ цыд, зæгъæм, сывæллон сын нæ цæры кæнæ сыл фос нæ хæцы, уæд-иу бардуаджы номыл снывонд кодтой стур, фыс кæнæ сæгъ, æмæ-иу Бынаты хицауы бон хъуамæ аргæвстаиккой, уыцы нывонд-иу цы цæуæт радта, уыдонæй. Кусарты туг-иу рауагътой исты мигæнæнмæ æмæ-иу æй акалдтой, хæдзары цæрæгойтæ — гæды, куыдз æй кæм не ссардтаиккой, ахæм сыгъдæг, æмбæхст ран, кæнæ иу æй баныгæдтой зæххы, науæд дзы цæрæгойтæ фæхъæстæ сты, уæд, дам, "нывонд барст" нæ уыдаид. Кусарты фыдызгъæл фыхтой уæнггай, уымæн æмæ уый лыстæг хæйттыл дихтæ кæнын, кæнæ дзы искæмæн раттын нæ фæтчыдис. Ацы æгъдæутты æнгæс æгъдæуттæ зыны, археологон æрмæг куыд амоны, афтæмæй, скифты царды дæр.

Фынгыл хистæр-кувæг куывта Бынаты хицаумæ: "Бынаты хицау, баххуыс кæн, бахиз нæ фыдæй, нæ сывæллæтты, нæ фос нын дæ базырты бын дар, нæ нывонд дын барст уæд, айс нын æй дзæбæхæй, бæззон дын уæнт ацы хæрд æмæ нуæзт". Ракуывды фæстæ-иу фыдызгъæл æрæвæрдтой фынгыл, æмæ-иу райдыдта бинонты куывд. Уый фæстæ-иу бинонтæ иууылдæр ацыдысты дуармæ. Цæмæн? Ирон адæмы уырнынадмæ гæсгæ, бинонтæй хæдзары куы ничи уа, уæд Бынаты хицау æргом рацæуы йæ бадæн бынатæй, бахæры дзидза, баназы бæгæны кæнæ арахъ æмæ фæстæмæ йæ бадæн бынатмæ баздæхы. Бинонтæ фæстæмæ хæдзармæ куы бацæуынц æмæ куы фенынц, хæрднозтæй цух ис, уæд уый нымадтой хæдзарæн амондхæссæг хъуыддагыл, зæгъгæ нын нæ нывонд, нæ кувинæгтæ айста бардуаг. Уыцы стырбонмæ цæттæгонд хæрдиуæзтæй бинонты йеддæмæ æддагæттæй хæрын никæмæн фæтчыди, уымæ гæсгæ уыцы бон уазæгуаты цæуын дæр нæ фæтчыди. Ацы стырбонæй суанг Ног азмæ нæ уыд сылгоймаджы куыстытæ кæнæн.

Бынатыхицауы æнгæс бардуаг ис абхазмæ, пшавтæм æмæ хевсуртæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0