ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik. Ногазон бæрæгбонон фынгтыл цхинвайлæгтæн фадат уыд бынæттон "шампайнаг" сæнæй акувын. Аразы йæ Присы хъæуы цæрæг Сиукъаты Павел. Хъæу зындгонд у гъæдджын сæнæй æмæ сæн аразыны традицитæй, æмæ Сиукъаты Павел дыууын фондз азы размæ сæн дуцыны хъуыддагыл куы ныллæууыд, уæд йæ хъæуккæгтæй æппындæр ницæмæй хицæн кодта, цалынмæ йæм йæ рагон æмбал нæ фæуазæг, уæдмæ.
"Уыдис мæм цалдæр авг хорз сæн, уæй кæнынæн нæ — мæхицæн. Ме ‘мгары æрцыды нысанæн дзы бакодтон иу авг ӕмӕ уый "фехста" æцæг шампайнаг сæнау. Æмæ уæд ахъуыды кодтон, куыд уаид ахæм сæн дуцын? Ацы хъуыддагыл лæууын цалдæр азы æмæ мæ бон у фидарæй зæгъын, кæй мын бантыст бирæ саразын", — дзуры сæндуцæг.
Йæ урс сæн аразы Фролов-Багреевы технологимæ гæсгæ, кæцы æрымысыд зындгонд "Советское шампанское". Йæ методы бындур баст у французаг сæндуцджыты традицитыл, кæцытæ дунейæн балæвар кодтой ацы диссаджы нозт. Сырх сæны сусæгдзинæдтæ та нæ хъæр кæны.

Хуссар Ирыстоны иунæг шампайнаг сæндуцæджы ном зындгонд у, зæрдиагæй йын агурынц йæ продукци — Ног азмæ ауæй кодта 400 авджы. Хъавы йæ кондад фæуæрæхдæр кæнын, ацы аз цæттæ кæны иу мин авгæй фылдæр саразын. Кусы процесс фæхуыздæр кæныныл — сарæзта сæрмагонд ныккæнд, уым цæттæ сæн лæудзæн 12-15 градус хъармы.
"Сæн дзы æнхъиздзæн, куыд Лев Голицыны дæлзæхх тоннелты — кæцы 19 æнусы Сау денджызы был сæндидзын кодта сæндуцæн хæдзарад Абрау-Дюрсо, цыран уагътой "шампайнаг" сæн. Ацы æфснайæн у мæхи сæрмагонд проект, уымæн æмæ мӕ професси у инженер-аразæг", — дзуры Павел.
Сæн дуцынæй дарддæр ма фæнд кæны коньяк уадзын дæр. Цыппар азы куысты фæстæ йæ къухты бафтыд формулæ.
"Ныккæндтæй мын иуы ис 150 литры бæрц сæны спирт. Ссардтон амал, цæмæй йын йæ ад фæфæлмæн кæнон. Фæлæ уыцы сусæгдзинад нæ раргом кæндзæн", — дзуры мидбылхудгæйæ сæндуцæг.

Йæ нозтæн Сиукъайы фырт сæнæфсир дæр йæхæдæг хъомыл кæны. Хæдзары фæстæ ис сæндон, кæцы йæ дада ныссагъта 60 азы размæ. Ам зайынц сау æмæ урс сæнæфсиры сорттæ — "Изабелла" и "Ливадия". Тыллæг æфснайыны рæстæг куы ӕрцæуы, уæд сæ æрæмбырд кæны стыр быд къутуйы, кæцы сарæзта 25 азы размæ. Кондадон процесс иууылдæр арæзт у йæхи къухæй. 70 аздзыд адæймагæн ацы куыстытæ æххæст кæнын æнцон нæу. Фæлæ сæндуцæг нæ хъаст кæны.
"Æз аразын мӕ уарзон хъуыддаг æмæ райгонд дæн, мæ цард афтæ кæй цæуы. Цард у иу уысм æмæ йæ хъуамæ фæцæрай æмбæлонæй, уый тыххæй та адæймаг йæ разы хъуамæ æрæвæра нысан æмæ йæ сæххæст кæныны хъуыддаджы æвдиса йæ хуыздæр миниуджытæ", — дзуры Сиукъаты Павел.
Сæнæфсиры таламæ уарзондзинад Павелмæ ис йæ дадайæ — уый уыд хъуыстгонд дегустатор. Уымæ гæсгæ, зæгъæн ис, æмæ ацы хъуыддагмæ уарзондзинад Павелæн ис йæ туджы.