Премьер: УФ сæххæст кодта йӕхимæ райстгонд хæстæ РХИ финансон ифтонгады фæдыл

© Sputnik / Ада БагианРХИ хицауад
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2015 азы инвестпрограммæйы реализацийы фæстиуджытæ æмæ 2016 азы программæйы фарстытыл дзырд цыд Хуссар Ирыстоны хицауады æмбырды рæстæджы.

ЦХИНВАЛ 15 янв — Sputnik. Уæрæсе æххæстбæрцæй сæххæст кодта йӕхимæ райстгонд хæстæ Хуссар Ирыстоны инвестпрограммæйы финансон ифтонгады фæдыл, загъта хицауады рабадты рæстæджы республикæйы премьер министр Хъуылымбегты Доменти, хъусын кæны президент æмæ хицауады пресс-службæ.

Рабадты рæстæджы æрдзырдтой 2015 азæн инвестпрограммæйы реализацийы фæстиуджытыл æмæ ацы азæн аналогион программæйы фарстытыл.

"Вазыгджын экономикон уавæрмæ æнæкæсгæйæ, хæларадон Уæрæсе нæ фæкъаддæр кодта инвестпрограммæйæн дотацитæ, финансон ифтонгадимæ ницы къуылымпытæ ис", — загъта премьер-министр.

УФ æмæ РХИ тырысатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хлопонин: УФ кӕронмӕ сæххæст кæндзæн йæхимæ райсгӕ хæстæ Хуссар Иры раз

Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, 2015 азæн инвестпрограммæйы фæлгæтты куыст бындуронæй кæй æрцыд æххæст — хæрзарæзт æрцыдысты авд цхинвайлаг уынджы, эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты дыууæ скъолайы, ноджы ма дыууæ скъола та æрцыдысты цалцæг, арæзт æрцыд цалдæр социалон нысаниуæгджын объекты.

Премьеры ныхæстæм гӕсгӕ, ацы азæн инваестпрограммæйы фæдыл куыстыты график цæмæй æххæст цæуа æнæкъуылымпыйæ, уый тыххæй уæлдай хъусдард здахын хъæуы, цæмæй объектты проектон-сметæйон документаци арæзт цæуа рæстæгыл.

"Проектон-сметæйон документаци хъуамæ арæзт уа афтæ, æмæ уый тыххæй ма фæстиат кæна объекты арæзтады райдиан. Куыстытæ арæхдæр фæстиат кæнынц сæйраджыдæр ацы аххосагмæ гæсгæ æмæ мæ ныфс ис, ацы аз нын кæй бантысдзæн ацы проблемæйы иувæрсты ахизын", — банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты фæдыл инвестпрограммæйæн финансон фæрæзтæ хицæн цæуынц УФ-йы бюджетæй. 2015 — 2017 азты республикæйы хъуамæ арæзт æрцæуой 31 объекты. Ацы нысæнттæн рахицæнгонд æрцæудзæн фараст миллиард сомы — фæйнæ æртæ миллиард сомы æрвылаз.

Ног хабӕртты лентӕ
0