Йæ цардæй ахицæн академик Гуыриаты Тамерлан

© Sputnik / Дзерасса БиазартиПрофессор Гуыриаты Тамерланæн бантыст йæхи наукон скъола саразын.
Профессор Гуыриаты Тамерланæн бантыст йæхи наукон скъола саразын. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Профессор Гуыриаты Тамерланæн бантыст йæхи наукон скъола саразын. Абон куыд Ирыстоны, афтӕ æндæр бæстæты дæр æнтыстджынæй фæллой кæнынц йæ ахуыргæнинæгтæ.

ЦХИНВАЛ, 19 янв — Sputnik. Йӕ цардæй ахицæн дунейы хуыздæр æвзагиртасджытæй иу, филологон наукæты доктор, профессор, Уæрæсейы зонӕдты сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстоны ахуыргæндты ассоциацийы сæрдар, Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты хайады сæргълæууæг Гуыриаты Тамерлан, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Гуыриаты Тамерлан фӕзиан 18 январы. Зынгӕ ахуыргондыл цыд 87 азы.

"Бирæ егъау наукон куыстыты автор, Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад иртасæг, Тамерлан стыр хъусдард здæхта дзырдуæттæ аразынмæ. Академикы арф хъуыдытæ хъуыстысты дунейы алыхуызон наукон конференциты æмæ фембæлдты. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта зындгонд индийаг фыссæг Манорама Джафайы чиныг", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Гуыриаты Тамерлан райгуырд 3 январы 1929-æм азы Мæздæджы районы Новогеоргиевскы хъæуы. 1949-æм азы иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты фæсарæйнаг æвзæгты факультет æмæ кусын райдыдта англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй.

Бирæ азты разамынд лæвæрдта дуне хъахъхъæныны республикон комитетæн, уыд æхсæнад «Уæрæсе-Инди»-йы вице-президент.

Ног хабӕртты лентӕ
0