ЦХИНВАЛ, 19 янв — Sputnik. Нефтон битум Хуссар Ирыстонмæ ласт цæудзæн Уæрæсейæ æнæ таможнæйон фиддонтæй. Уый баст у, базарадон ахастыты режимы фæдыл хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг бадзырдмæ ивгъуыд декабрь ивындзинæдтæ хаст кæй æрцыд, уыимæ. Документмæ бахастгонд ивындзинæдтæ сæ тыхы бацыдысты къуырисæры, хъусын кæны президент æмæ хицауады пресс-службæ.
Нефтон битум Хуссар Ирыстонмæ ласт цæуы æрмæстдæр Уæрæсейæ. Уымæй уæрæхæй пайда кæнынц фæндагон арæзтады.
Базарадон режимы фæдыл бадзырд бафыстæуыд 2012 азы марты. Документмæ гæсгæ, УФ æмæ РХИ нæ исынц таможнæйон фиддонтæ цавæрдæр базайрæгты хуызтæ æрбаласты рæстæджы.
Таможнæйон фиддонтæ фыст нæ цæуынц, республикæмæ АИ-92 маркæйы бензин æмæ дизелон æртаг ласыны рæстæджы.