Аварийы фæмардуæвæг сылгоймæгты хиуæттæ домынц аххосджынӕн карз æфхæрд

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæАххосджынмӕ æнхъæлмæ кæсы ахæстон цыппар азæй фараст азы æмгъуыдмæ
Аххосджынмӕ æнхъæлмæ кæсы ахæстон цыппар азæй фараст азы æмгъуыдмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы горæттаг тæрхондон æркаст, дыууæ сылгоймаг цы аварийы фæмард, уый фæдыл уголовон хъуыддагмæ.

ЦХИНВАЛ, 19 янв — Sputnik. Ивгъуыд октябры фæндагон-транспортон цауы рæстæджы цы дыууæ сылгоймаг фæмард, уыдон хиуæттæ домынц, цæмæй аххосджын æрцæуа карз æфхæрд, фехъусын кодтой Sputnik Цхинвалы горæттаг тæрхондоны.

Уголовон хъуыддаг — нозтджынæй машинæ скъæргæйæ фæндагон уагæвæрд фехалыны цауы фæдыл, цæй фæстиуæгæн фæмард дыууæ сылгоймаджы — баконд æрцыд 15 январы.

"Фыдгæнæг Тъотъоты Ацæмæз басаст йæ азымыл. Зиан баййæфджытæй иуы хиуæттæ домынц, цæмæй уый æрцæуа карзæй æфхæрд. Дыккаг амæттаджы минæвар тæрхондондонмæ не ‘рбацыд йе ‘нæниздзинады уавæры аххосæй. Уый у сылгоймæгтæй сæ иуы чызг, кæцы уæззауæй фæразы йæ мады амард", — загътой тæрхондоны.

Зылыны тæрхоны дзырдæуы, Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты районы дыууæ сылгоймагыл машинæ баскъæрыны рæстæджы шофыр кæй уыд нозтджын. Цæфы фæстиуæгæн дыууæ сылгоймаг дæр фæмард сты.

Аххосджынмӕ æнхъæлмæ кæсы ахæстон цыппар азæй фараст азы æмгъуыдмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0