Транскамыл æрцæуæг зæйтæ фæстиат кæнынц студентты сæ ахуырмæ ацæуыны хъуыддаджы

© Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæТранскам ныр цыппæрæм бон у æхгæд
Транскам ныр цыппæрæм бон у æхгæд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Транскам ныр цыппæрæм бон у æхгæд. Республикæйы цæрджытæ, кæцытæ ахуыр кæнынц кæнæ кусынц Уӕрӕсейы, рæстæгыл нæ фæхæццæ сты сæ бынæттæм.

ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) радта сæдæ справкæйæ фылдæр уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты хуссарирыстойнаг студенттæн, кæцытæ Транскамы æрæхгæды фæстиуæгæн рæстæгыл нæ фæхæццæ сты сæ ахуыры бынæттæм.

Расчистка снежных завалов и принудительный спуск лавин на Транскавказской автомагистрали - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам нырма дæр у æхгæд

Транскам ныр цыппæрæм бон у æхгæд. Республикæйы УУМ-ы нырма ницы зонæнтæ дæттынц, фæндаг кæд байгом уыдзæн, уый тыххæй. Хæхтыл æвзæр боныгъæды аххосæй фæндагон службæтæн фадат нæй фæндаг сыгъдæг кæнынмӕ бавналынӕн.

Мæскуыйаг уæлдæр ахуыргæнæндæттæй иуы æртыккæгæм къурсы студенткæ Бестауты Заринæйæн рæстæгыл нæ бантыст республикæйæ ацæуын æмæ уый фæстиуæгæн нæ бахауд йæ рейсмæ. Билеты аргъ фæстæмæ райсæн дæр нæй гæнæн — бюджетон авиакомпани не ‘здахы фæстæмæ билеты аргъ, цыфæнды аххосæг дæр ма уа, уӕддӕр.

"Уый куы зыдтаин æмæ ахæм проблемæтæ сæвзæрдзæн, уæд фæкъаддæр кодтаин мæ каникултæ æмæ раздæр ацыдаин. Ныр мын фадат нал ис мæ авиарейсмæ бахауын, кæнæ мæ билет баивын. Хъæуы мæ ног билет балхæнын", — дзуры Заринæ.

Цæмæй йын фæстиаты тыххæй йæ стипенди ма фæкъаддæр кæной, уый тыххæй бахатыд республикæйы УУМ-мæ, зӕгъгӕ мын радтут æмбæлон бæрæггæххæтт, Транскамы æрæхгæды фæстиуæгæн кæй нæ уыд фæндагон бастдзинад.

Джиоты Мадинæ аскъуыддзаг кодта йæ ногазон бæрæгбæттæ æмæ отпуск Цхинвалы йæ хиуæттимæ арвитын. Фæлæ йæ отпуск фæуд кæны дыууæ боны фæстæ, ацæуыны фадат та йын нæй. Заринæйæ уæлдай, уый спайда кодта æндæр авиакомпанийы лæггæдтæй æмæ йын фадат ис йæ билет баивын.

Ахæм проблемæ ис республикæйы сæдæгай цæрджытæн. Sputnik УУМ-ы пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ахæм справкæтæ УУМ-ы ацы мæй радтой сæдæйæ фылдæр. Ацы растгæнæг документы фæрцы адæмæн сæ ахуыры æмæ куысты нæ уыдзæн проблемæтæ.

"Мах радтæм справкæ, Хуссар Ирыстонæй Уæрæсемæ цæуæг иунæг фæндаг кæй у æхгæд уыцы æмæ уыцы бонты. Уый у айсинаг æфсон, кæцы амоны, цы аххосагæн фæфæстиат адæймаг йæ куыстмæ, кæнæ ахуырмæ", — банысан кодтой ведомствӕйы.

Ахæм проблемæ ма уыд фарон январы дæр. Уæд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны УУМ-ты минæвæрттæ уæрæсейаг уæлдæр ахуырадон уагдæтты студенттӕн сарæзтой Транскамыл ацыд. Студенттæ цыдысты, Хуссар Ирыстоны УУМ сын цы справкæтæ дæтта, уыдонмæ гæсгæ. Ахæм фадатæй уæд спайда кодтой 180 адæймагæй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0