Транскамыл цæуынц фæндагон змæлд сæндидзынгӕнӕн куыстытæ

© Sputnik / Дзерасса БиазартиТранскамыл цæуынц фæндагон змæлд сæндидзынгӕнӕн куыстытæ
Транскамыл цæуынц фæндагон змæлд сæндидзынгӕнӕн куыстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕндагон службӕты кусджытӕ ‘рцæуын кодтой зæйтæ Транскамыл. Фæндагон змæлд сæндидздзæн, трассæ митæй куы асыгъдæг кæной, уæд, фехъусын кодтой УУМ-ы.

ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik. Цæгат Ирыстоны зæйты ныхмæ службæтæ фехстой зæйтæ æрцæуынæй тас фадгуытæ Транскавказаг автомагистралыл, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны УУМ-ы пресс-службæйы.

Транскам ныр цыппæрæм бон у æхгæд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскамыл æрцæуæг зæйтæ фæстиат кæнынц студентты сæ ахуырмæ ацæуыны хъуыддаджы

Дыууæ Ирыстоны цы иунæг фæндаг иу кæны, уый ныр цыппæрæм бон у æхгæд. Фæндагон службæтæ сыгъдæг кæнынц трассæ митæй, фæлæ мит йæ уарынæй цалдæр боны кæй нæ лæууыд, уый фадат нæ дæтта зæйты ныхмæ æмæ фæндагон службæтæн сæ куыст бакæнын.

"Æртыццæджы райсом боныгъæд фæхуыздæр æмæ æмбæлон службæтæн фадат фæци зæйтæ æруадзын æмæ трассæйы цæгатирыстойнаг фадыг митæй ссыгъдæг кæнынӕн. Фæндаг байгом уыдзæн, куыддæр куыстытæ кæронмæ бахæццæ уой, афтӕ", — загъта ведомствӕйы минæвар, æмæ бафтыдта, фæндаджы байгомы рæстæгыл нырма раджы кӕй у дзурын.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Транскамы хуссарирыстойнаг фадыг у сыгъдæг æмæ цæттæ у эксплуатацимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0