Мæнгард цхинвайлаг тротуартæ

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал, Джиоты Аланы проспект
Цхинвал, Джиоты Аланы проспект - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Улæфт бонты Цхинвалы цы мит рауарыд, уый тротуартæ фестын кодта ихын фæзтæ. Адæм сыл цæуынц тæрсгæ-ризгæйæ. Коммуналон службæтæ та фидарæй дзурынц, зæгъгæ, тротуартæ сты сыгъдæг мит æмæ ихæй, ис ма сыл цæхх калд дæр.

ЦХИНВАЛ, 28 янв — Sputnik, Козаты Дианæ. Изæрæй, куыстæй здæхгæйæ, 53-аздзыд Тасойты Валентинæ фæбырыд тротуарыл æмæ диссаджы ирвæзт акодта къахы састæй. Сылгоймагæн æххуысмæ æрбалыгъдысты иннæ фæндаггонтæ, уымæн æмæ йæ къах кæй фездыхст, уый тыххæй йæ бон иу къахдзæф дæр саразын нал ссис. Бахъуыд таксимæ фæдзурын. Ацы хабарæн æвдисæн уыд Sputnik уацхæссæг.

Митуард Цхинвалы коммуналон службæтӕн фӕфылдӕр кодта сӕ куыст

Цхинвалы ивгъуыд улæфт бонты рауарыд мит, уый фæстæ та ныццавтой уазӕлттӕ. Фæндæгтæ æмæ тротуартæ ныссалдысты. Горæты администрацийы цур хæрзарæзтады управлени дыццæджы фехъусын кодта, горæты уынгтæм конд кæй æрцыдис æппæт æфснайæн техникæ, фæндæгтæ æмæ тротуартыл та калынц цæхх.

Мах куыд бафиппайдтам, афтæмæй Цхинвалы сæйраг уынгтæ æцæгæйдæр сыгъдæг сты мит æмæ ихæй. Фæлæ тротуартӕ нырма дæр æмбæрзт сты митæй. Уымæ гæсгæ, фистæгæй цæуджытæ рахизынц машинæты фæндагмæ, уый та хъыг дары автотранспортон змæлды æмæ ма тæссагдзинад хæссы бӕлццӕттæн сæхицæн дæр.

"Тротуартыл æрвылбондæр цæуы тынг бирæ адæм — сывæллæттæ, ацæргæ адæм, æмæ сæ иу дæр хъахъхъӕд нæу уыцы ихыл фæбырынæй. Куыд гæнæн ис афтæ æмæ йæ хъус мачи дара тротуарты уавæрмæ?", — дзуры Цхинвалы цæрæг сылгоймаг.

Уый нæ хъуыды кæны, æмæ зианбаййафджытæй искуы исчи коммуналон службæты радта тæрхондонмæ. Валентинæйы хъуыдымæ гæсгæ, уæрæсейы цы практикæ ис, уый пайда уаид нæ коммуналон службæтæн дæр — бæрнон гоймæгтæ тæрсиккой адæмы хъæстытæй æмæ сæ куыстмæ æмбæлон хъусдард здахиккой.

© Sputnik / Диана КозаеваЦхинвал, Джиоты Аланы проспект
Тротуар на проспекте Джиоева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвал, Джиоты Аланы проспект

Бирæуæладзыгон хæдзæртты алфамблай дæр ис ахæм ныв фенæн. Сæ иуы цæрæг дæр тынг мæсты у ацы æнæркастдзинадæй.

"Нæ корпусы бацæуæны раз æз мæ сыхæгтæй цалдæримæ нæхи тыхтæй асыгъдæг кодтам. Фæлæ уый коммуналон службæтæм хауы, уый тыххæй исынц мызд. Мах нæхи тыхтæй, æнæ техникæйæ цас мит æмæ их хъуамæ ссыгъдæг кæнæм?", — дзуры уый.

Коммуналон службæты нæ фарст, ома тротуартæ цæуылнæ цæуынц сыгъдæг, бафтыдта дисты. Мэрияйы пресс-службæйы Sputnik загътой Хæрзарæзтады фæдыл упраленийы сæргълæууæджы ныхæстæ, зæгъгæ, цхинвайлаг тротуартæ иууылдæр цæуынц сыгъдæг æмæ сыл калынц цæхх.

Sputnik уацхæссæг бафæлвæрдта сбæрæг кæнын, цавæр уынгты тротуартыл ис æдасæй ацæуын. Цæмæй мацы зиан æрцæуа, уый тыххæй азылдыстæм службæйон транспортыл.

Куы федтам, афтæмæй горæты астæу уынгты дæр, сæрмагондæй хицауады хæдзары раз дæр, тротуартæ не сты сыгъдæг митæй. Иннæ рæтты фистæгон зонæтæ дæр сты растдæр ахæм уавæры.

© Sputnik / Диана КозаеваХицауады агъуысты раз тротуар
Перед зданием правительства  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хицауады агъуысты раз тротуар

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынады фæдыл парламентон комитеты разамонæг Коцты Олеся Sputnik куыд загъта, афтæмæй коммуналон службæты аххосæй зиан цы æмбæстæгтæ баййафой, уыдонæн алкæмæн дæр йæ бон у йæ хъазт тæрхондонмæ бадæттын.

"Уæрæсейы ахæм практикæ у тынг парахат. Фæлæ нæхимæ ахæмæй ницы хъуыды кæнын. Коммуналон службæтæн ис бæлвырд хæстæ. Кæд æмæ сæ не ‘ххæст кæнынц, æмæ уый фæстиуæгæн зиан æййафынц цæрджытæ, уӕд уый хъуамæ суа тæрхондонон органты равзæрсты хъуыддаг", — загъта комитеты разамонæг.

Коммуналон службæты аххос тæрхондон куы сбæрæг кæна иу-цалдæр хатт, уæд нæ фæндæгтæ уыдзысты сыгъдæгдæр. Уæдмæ уал Sputnik сиды фистæг бæлццӕттæм, цæмæй цæуой хъавгæйæ æмæ ма бауой "мæнгард" тротуарты амæттаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0